Экатерине Тъикъарадзе -  ковид-паспортты æрдгæй нын дзæбæх прогресс ис, сæ æрбайсын æмæ  Европæйы  спайда кæныны тыххæй  фидиуæнтæ райсомы  советы рабадтыл айзæлдзысты
Экатерине Тъикъарадзе - ковид-паспортты æрдгæй нын дзæбæх прогресс ис, сæ æрбайсын æмæ Европæйы спайда кæныны тыххæй фидиуæнтæ райсомы советы рабадтыл айзæлдзысты

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъхæды министр Экатерине  Тъикъарадзейы фидиуæнæй вакцинацийы марафон  æнтыстджын уыд  æмæ фидæны  марафон  чысыл  хъæуты дæр райдайдзæн.

«Вакцинацийы фарафын æнтыстджын у, цæрджыты уыцы къорды низы  ныхмæ хос  бафтыдтам, кæцы фæбæрæг ис, цæмæй сæхи инициативæйæ нæ  ацыдаиккой вакцинацимæ. Афтæдæр нысаниуæгджын у, цæмæй  ай адарддæр уа  æнæрмæст  50  стыр хъæуы, кæцытæ ацы этапыл  æвзæрст уыд, фæлæ ма  дарддæр   этапыл  ахиздзыстæм   абаргæйæ   чысыл   хъæутæм дæр» –  райхъусын кодта Тъикъарадзе.

Æнæнизхъахъхъæды министр   банысан кодта, ома   нысаниуæгджын у   æмбæстæгтæ   вакцинацийы  фæдыл уынаффæ   сæхæдæг райсой.  Афтæма  йæ ныхæстæм  гæсгæ,    хæуы   ацы  æрдгæй   информацион  коммуникаци  фæактивон кæнын.

Экатерине Тъикъарадзейы  дзырдæй,   æнæнизхъахъъхæды министрады позици у, цæмæй   коронавирусы  ныхмæ  вакцинаци  уа  барвæнд.

Экатерине Тъикъарадзе  журналисттимæ ныхасы  рæстæджы ковидпаспортты фарстыл  дæр фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй   ацы æрдгæй   тынг  стыр  прогресс ис.

«Ковидпаспортты æрдгæй  нын  дзæбæх прогресс ис. Райсом   советы айзæлдзæнис   бæрæг комментаритæ  æмæ сырæздзæн  фидиуæнтæ  уый æрбайсты æмæ  Европæйы    спайда кæныны тыххæй», –   райхъусын кодта  Тъикъарадзе.