Эка Беселиа генералон прокуратурæмæ рафарстмæ бацæудзæн
Эка Беселиа генералон прокуратурæмæ рафарстмæ бацæудзæн

Парламенты  хæдбар  депутат  Эка беселиа   генералон   прокуратурæмæ  абон рафарстмæ  бацæудзæн.

Хъуыддаг æххæссы  Эка беселиайы  фидиуæнтæм, сæрмагонд  цардуагы  æвдисæг  сусæг  ныффыстыты фæрцы  æндæр æмæ æндæр  гоймæгтæм хъомысдарыны  æмæ шантажы фæдыл.

«Йæхæдæг факт, цæмæй  фæдæвзарæн   ацы  фидиуæнæй  баинтерес ис,  дзæбæх у.  Уымæн æмæ   фидиуæн  нымадмæ ист æрцыд  бындурджынæй  æмæ  зæрдыл бадаринагæй. Нæ зонын,  цы темпæй, цы  рæстæг  бахæъудзæн, цæмæй   бæрæг фæдæвзарæн  архæйдттæ,   гæнæн ис æрцæуа уагъд, кæцы  афтæдæр  ис гæнæн, рабæрæг кæна   адæймаджы барты  тынг уæззау  хæлды  фактытæ, сæрмагонд цардуагмæ  хифæкæныны  цаутæ», – райхъусын кодта  Эка  Беселиа.