Японийы, круизон науыл коронавирусы ноджы 99 цау рабæрæг ис
Японийы, круизон науыл коронавирусы ноджы 99 цау рабæрæг ис

Японийы   Йокогамайы   порты уæвæг  круизон науыл  коронавирусы  ноджы 99  цау  рабæрæг ис.  Уый  фæдыл информацийы агентад «Ройтер»  япойнаг медийыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Афтæмæй,   науы   бортыл  коронавирусы  цауты нымæц  æмтгæй райсгæйæ  454-мæ  ахæццæ ис.

Круизон нау  «Даймонд Принцесс»  Йокогамайы   порты карантины,  3  февралæй  уæвы.

Науы  бортыл   сæрыфыццагæй  3700  бæлццон  æмæ экипажы  уæнгтæ уыдысты.

Коронавирусæй  инфициргондтæ  Японийы  æндæр æмæ æндæр  рынчындонмæ  фæхæццæ кодтой.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй  коронавирусы амæттагæй, дунейы  масштабæй   нырид ыссис  1770 адæймаг.