Японийы фæстаг 60 азы мидæг сеппæтæй  фидар тайфуны амæттаг  фесты 10 адæймаг
Японийы фæстаг 60 азы мидæг сеппæтæй фидар тайфуны амæттаг фесты 10 адæймаг

Японийы   тайфуны  фæстиуæгæн   дæс  адæймаг фæхъуыд, 16 та  æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл  нымад цæуынц.  Японийы  æхсæнадон уацхæссæджы   информацийæ,   «Хагибиси» фæстаг 60 азы  дæргъы,  Японийы  сеппæтæй  фидар тайфун у.

Æрдæг милуаны онг адæймаг  æнæ электрожэнергийæ  баззадысты. Донивылды  æмæ сыджытлæсæны  тасы  тыххæй,   авд милуан адæймаг тыхыбын баисты  сæ  цæрæн хæдзæрттæ ныууадзын.  Урæд  æрцыд  Æфчснвæндагон   æмæ уæлдæфон  змæлд.  Ивд æрцыд   минæй  фылдæр авиарейс.

Стихийы тыххæй  Японийы  премьер-министр,  Синдзо Абэ хицауады  рабадт сарызта.  Уый   фæмардуæвджыты  бинонтæн тæфæрфæс ракодта æмæ   райхъусын кодта, цæмæй  хицауад   кусы  адæймæгты  цард æмæ æрмæмулк  аирвæзын кæнынæн.

Тайфун  Японийы донбылы. Токиой  хуссар-ныгуылæны  12  октябры  бахæццæ  ис  æмæ  цæгаты æрдæм  араст ис.    Дымгæйы  тагъдад   сахаты мидæг  225 километрмæ æххæссы.

Японийы   тайфуны тыххæй  аивдтой  спортивон мадзæлттæ,   сæрмагондæй  та  «Формула 1»-ы  гран прийы   мадзæлтты хай, æмæ  Регбийы  дунейы   кубокы   цалдæр матч.