Израилы сахар Ашдоды  6-æм æнусы  гуырзиаг аргъуаны   мозаикъон астæрд  ссардтой
Израилы сахар Ашдоды 6-æм æнусы гуырзиаг аргъуаны мозаикъон астæрд ссардтой

Израилы сахар Ашдоды  археологион къæхтыты  рæстæджы, Тль-Авив æмæ  Лайпцигы университетты  археологты къорд, 6-æм æнусы  гуырзиаг аргъуаны   мозаикъон астæрд  ссардтой.

Астæрдыл уæвæг уникалон ныффыст  хъусын кæны,  цæмæй  аргъуаны самадта  гуырдзиаг чырыстон,  кæцыйы нын амоны азфысты  сæрмагонд системæ,  кæцыйæ пайда кодтой  незаманы Гуырдзыстоны.

Ахуыргæндты  аргълæвæрдæй,  ныффыст  æнæхъæн у.

Ахуыргæндты къорды  аргълæвæрдæй, датæ кæцы азфысты  сæрмагонд системæйæ  у банысангонд, Чырыстийы райгуырдæй  539  азмæ æмбæлы.  Ацы ссарæггаг у гуырдзиаг кæлиндары сегасæй рагондæр   хуызæг.

Археологты дзырдæй, бæрæг куыд у афтæмæй,  Ашдод  гуырдзиагæты интересæй  раджыдæр    пайда кодта.   Историон ратæдзæнтæм гæсгæйæ,  Петре  Ибери дæр йæ адзалы онг Ашдоды цардис.

Аргъуаны мозаикон  астæрды ссард та  ноджы иу хатт  бæлвырд кæны  Иберийы  æндæвдад  Израилы  донбыл сахарыл.

Сахар Ашдоды  археологион къæхтытæ   райдыдтой 2013 азы.