Израилы минæварад Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг  бæстæйы æмбæстæгты  æрбацыдимæ баст арæнæвæрдтæ аивды фæдыл публикаци кæны фидиуæн
Израилы минæварад Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстæгты æрбацыдимæ баст арæнæвæрдтæ аивды фæдыл публикаци кæны фидиуæн

Израилы  минæварад  райы  Гуырздзыстоны хицауады фидиуæнæй  фыццаг февралæй  æхсæнадæмон   тахтытæ  сног кæныны æмæ афтæдæр, Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг  бæстæйы æмбæстæгты  æрбацыдимæ баст  арæнæвæрдтæ аивды фæдыл.  Уый тыххæй  дзырдæуы  Гуырдзыстоны Израилы минæварады  фидиуæны.

«22 январы Гуырдзыстоны хицауад нын фехъусын кодта фыццаг февралæй  æхсæнадæмон  тахтытæ  сног кæныны æмæ  афтæдæр, Гуырдзыстонмæ  фæсарæйнаг  æмбæстæгты  æрцыдимæ баст арæнæвæрдтæ аивды  фæдыл.  Уыйимæ иуæ хъуамæ банысан уа, цæмæй  конкретон  деталтæ, цæмæй  цы типы  медицинон тест, вакцинаци кæнæ  сертификат  бахъæудзæн, нырма официалон   публикацигонд нæу.  Уый тыххæй дæр,  кæцыфæнды  æнæмбарындзинад æмæ  бæллæхæй хи бахизыны нысанæй,  реккомендацигонд у  банхъæлмæ кæсын дарддæры  официалон  фидиуæнмæ, кæцы  публикацигонд уыдзæн  Гуырдзыстоны æмæ Израилы  хицауадты официалдон  равзæрæнты æрдгæй.

Фæстаг мæйты дæргъы, Израилы  минæварад баст у  активон  бадзырдты  премьер-министр  Гахариаимæ,  экономикæйы министр Натиа Турнаваимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр  Залкалианииимæ æмæ æндæр  бæрзонд гæстимæ, цæмæй  цыбырдæр  æмгъуыдтæм  бауа гæнæн Израилаг туристты æрцæуын  Гуырдзыстонмæ.  21 январы  фæнысангонд фарст деталонæй  æркастæуыд Залакалианиимæ  телефонон дзырды рæстæджы.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Израилы минæварад райы  Гуырдзыстоны хицауады  фæнысангонд фидиуæнæй  æмæ цæттæ у, израилаг  визитортæн  алы æнæмæнгхъæугæ  консультацион лæггадмæ» –  дзырдæуы  фидиуæны.