Израилы, АИШ-ы  минæварад  публикаци кæны  фидиуæн
Израилы, АИШ-ы минæварад публикаци кæны фидиуæн

Израилы  АИШ-ы  минæварад   сæрмагонд æмбæстæты фæдзæхсы  æнхъæлмæ кæсинаг бырстыты тыххæй.

Минæварады  веб-фарсмыл   публикацигонд   фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй,   14  майы   иу афæдз  æххæст кæны уый фæстæ,  АМерикæйы  Иугонд Штаттæ    диполоамтивон  минæварад   Тель-Авивæй  Йерусалеммæ   куы ахаста, кæцы  Палестинæйы протестон   рацыдтæ расайдта.

Мнæварады  фидиуæны хаххгонд у,  цæмæй   террористон  къордтæ   ацы датæйæ  гæнæн ис спайда кæной,   бырстыты  кæнæ протестон   рацыдтæн.  Афтæдæр  Израилы  14-18   майы   уагъд цæуы  Евроуынынады  музыкалон   конкурс.  Уымæй  уæлдай ма,   Израилы  15 майы,  бæрæгбон  кæнынц  накба.

«ИНцидентты  гæнæн бынатæй    хуындæуы   Гъазæйы алфæмбылай   территори. Куыд    тасхæссæг инциденттæ афтæ ракетон бырстытæ  дæр, арæх  æххæст цæуынц  æнæбафæдзæхсгæйæ  æмæ АИШ-ы  æмбæстгæтæй   курæг стæм,   тынг  арæхстгæйæ  уой  æмæ   райсæт æмбæлон мадзæлттæ  сæрмагонд  æдасдзинад  фæфидар кæнынæн.  Минæхсджытæй  кæнæ ракетон    бырстыты  цауы гæнæн ис,  скуса фæдисы  сырх сигнал.  Алы ахæм фæдис    реалоныл  банымайут,  æмæ  бакоммæ кæсут бынæттон  хицауады минæвæртты  инструкцитæм, æмæ æнæаргъæвгæйæ  бацагурут  хиæмбæхсæн.  Развæлгъау  бацахыр кæнут  æввахс хиæмбæхсæны  кæнæ  хъахъъхæд  тыгъдад кæм ис уый»  кæсæм фидиуæны.

Минæварад  афтæдæр сиды æмбæстæгтæм,   уæлæмхас  информаци райсынæн   бахизой  Израилы  мидхъуыддæгты министрады  веб-фарсмæ,  кæнæ рафыссæт аппликаци, кæцыйæ реалон рæстæджы  райсдзысты информаци,  æдасдзинады æмæ  фæдисы  сигналты тыххæй.