Иумæ срæсугъд кæнæм нæ сахар  -  Каха Калдадзе цæрджытæм сиды,  фæйнæног азон рухс бафидар кæной  сæ  рудзгуытыл
Иумæ срæсугъд кæнæм нæ сахар - Каха Калдадзе цæрджытæм сиды, фæйнæног азон рухс бафидар кæной сæ рудзгуытыл

Тбилисы мер  Каха Каладзе  цæрджытæм сиды  куырдиатæй, амалуæвгæйæ  сфæлындой  сæрмагонд  рудзгуытæ  æмæ  тыргъ.

«Фæнды мæ  спайда кæнон   моментæй,  æмæ  мæ хъуыды фехъусын кæнон Тбилисы цæрджытæн. Æнæхъæн ацы бонты мидæг максималонæй  архайдтам  сахар срæсугъд кæнын  ног азон  рухсытæй.  Фæлæ хъыгагæн  нæ реалондзинадæй рацæугæйæ, нæ  нын бантыст цмæй  алы  районмæ бацæуæм æмæ   алы уынг дæр срæсугъд кæнæм.   Уый тыххæй  дæр мæ фæнды   сахары цæрджытæй æххуыс ракурон,  цæмй нæ  сахары  сфæлындыны хъуыддаджы  йæ хай бахæссой.  Элементарон цыдæр   саразын хъæуы.  Алчидæр цæттæ кæнæм амалуæвгæйæ  ног азмæ æмæ  иу  ногазон рухс  бафидар кæнут уæ рудзынгыл,  гæнæ ис иу цырагъ дæр уæт,  уырнæг дæн,  тынг рæсугъд рацæудзæн» –   банысан кодта Каладзе.