«Иугонд Националон Змæлд», «Республикаг Парти», «Змæлд Паддзахад  Адæмæн», «Змæлд Мах Нæхæдæг»  æмæ  «Прогресс  æмæ Сæрибардзинад»  баиу сты  æвзарæнон блокы
«Иугонд Националон Змæлд», «Республикаг Парти», «Змæлд Паддзахад Адæмæн», «Змæлд Мах Нæхæдæг» æмæ «Прогресс æмæ Сæрибардзинад» баиу сты æвзарæнон блокы

Политикон  партитæ  «Иугонд Националон Змæлд»  «Республикаг Парти», «Змæлд Паддзахад  Адæмæн», «Змæлд Нæхæдæг»  æмæ  «Прогресс  æмæ Сæрибардзинад»  баиу сты  æвзарæнон блокы.

Уыдон 2020  азы парламентон æвзæрстыты  блок   «Тых Иудзинады ИС»-ы  хуызæй райсдзысты хайад.

«Æхсæнад ацы  мæйты  дæргъы  цымидис кодта, цыма нæ  ныппырх ис  иугонд оппозици. Мæнæ  ам лæууæм, æмæ   канд  пырх нæ, фæлæ  ма йæм  ног ресурс æмæ тыхтæ æрбафтыд,  уый нымæцы  интеллектуалон.  Дзырд уын дæттæм, ацы иугонд,  кæцы  сæвзæрдис 2018  азы,   скуыддзаггæнæг   уæлахиздзинадмæ  æрцæудзæн 2020  азы  парламентон  æвзæрстыты, цæмæй  Гуырдзыстоны  æрыздаха йæхимæ  сæрибардзинад  рæзынады  фæндагыл»,  –  райхъусын кодта «Националон Змæлды» сæрдар, Григол Вашадзе.

Æвзарæнон  блокы  презентацийы  «Республикаг Партийы» иуæй-иу лидер  Хатуна  Самнидзе  райхъусын кодта афтæмæй,  «Националон Змæлдимæ» блокы  баиу уын  уый тыххæй  ахицæн кодтой, æмæ Бидзина Иванишвилийы  сегасдæр тыхджын  фæлмæцын кæны  ацы  партийы  уæвын.