Испанийы парламент, хицауады 2019 азы бюджетон закъонопроект не сбæлвырд кодта
Испанийы  парламент, хицауады  2019 азы  бюджетон закъонопроект не сбæлвырд кодта

Испанийы  парламент  хицауады  2019 азы  бюджетон   закъонопроектимæ не  сразы  ис.  Закъонопроектæн съхæлæс кодтой 158  депутат, 191  та  йæ ныхмæ рацыд.

Бюджетон   закъонопроектæн йæ  фарс нæ рахæцыдысты Каталониаг  депутаттæ дæр. «РОйтеры» информацийæ,   бюджеты фæкъуыхцыйы   цауы,   Испанийы  социалистон хицауадмæ ис  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстыты  снысан кæныны  план.

Испанийы  хицауады хъусын кæнынц,  цæмæй  æмгъуыддагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ гæнæн ис, 14 кæнæ 28 апрелмæ снысан уа. Ныгуылæйнаг медиа  Испанийы   парламенты  уынаффæйы, премьер-министр Педро Санчесы, фыццаг  закъондæттæн   састæй   хоны.