Испанийы митуарды амæттаг ссис аст адæймаг
Испанийы митуарды амæттаг  ссис   аст адæймаг

Испанийы  фидар  митуарды  фæстиуæгæн   аст адæймаг фæхъуыд.  Циклон, кæцы  йæхи ныццавдта  Испанийыл, æрхаста  фидар уад  æмæ   митуард.  Æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл нымад цæуынц  цалдæр адæймаг, ис  дзы  цæфтæ  дæр.

Ахæлиугонд  информацийæ,   иуæй-иу  амæттаг  Алкоэйы,   бæстыхаййы   ныккæлыны  фæстæ  æрбамард.

Гражданон гвардийы   уæнгтæ  ноджы  иу  марды  ссардтой  цæугæдон Гуадалэйы  цур.  Ноджы  иуы  та,  сæрмагонд  хъæрмуаты, арвыртывд æрыййæфта  кæцыйы  фæстиуæгæн  дæр амард.

Цалдæр бон  раздæр та  стихийы   амæттаг фесты  фондз адæймаг.   Фæдисы   бæрзонд æмвæзад   расидтысты  бæстæйы   фараст провинцийы.  Сеппæтæй   вазыгджын  уавæр  сырæзт   бæстæйы  скæсæны, Зæххастæу денджызы былыл,  Каталонийы  æмæ  Валенсиайы.   Стихийы  тыххæй  æнæ электроэнергийæ баззад  120 мины онг адæймаг  Арагоны.  Æрыхгæдтой  дæсгай  автомобиллон фæндаг.