Иртасæны фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны цæрджыты 71% Евроцæдисыл æууæндынц, 80 процент ты нымайы, цæмæй бæстæйæн Евроцæдисимæ хорз ахастытæ ис
Иртасæны фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны цæрджыты 71%  Евроцæдисыл æууæндынц, 80 процент ты  нымайы, цæмæй  бæстæйæн Евроцæдисимæ  хорз ахастытæ ис

Гуырдзыстоны  цæрджыты  80%  нымайы, цæмæй Гуырдзыстонæн хорз ахастытæ ис   Евроцæдисимæ –  ахæм у  Евроцæдисы  финансгонд 2019  азы æхсæнадон хъуыдыйы  иртасæны фæстиуæг.

Гуырдзыстны  Евроцæдисы  минæварады  информацийæ,  иртасæн   Гуырдзыстоны  æрдгæй  Евроцæдисæн æнæфæцудгæ  фарсхæцынад  равдыста.

Гуырдзыстоны 2019  азы  æхсæнадон  хъуыдыйы  иртасæн Евроцæдисы æрдгæй   финансгонд  проекты – «Евроцæдисы  скæсæйнаг сыхæгтæ»   фæлгæтты  ацыд.   Æхсæнадон хъуыдыйы   иртасæн сæххæст 2019 азы   февралæй   апрелы онг     æмæ æнцой кодта   комкоммæ интервьютыл 1 000  адæймагæй  арызт æвзæрст  къордты  бæстæйы  масштабæй.

Иртасæны сæйраг  фæстиуджытæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны цæрджыты   80 % нымайынц, цæмй  зæгъгæ Гуырдзыстонæн    хорз ахастытæ  ис Евроцæдисимæ;  Гуырдзыстоны цæрджыты  71 процент æууæнды  Евроцæдисыл (ацы фæстиуæг æнæивгæ у 2018 азы фæстæ); Гуырдзыстоны цæрджыты   50 процент   æвæрццаг ахаст дары   Евроцæдисмæ æмæ  æрмæст 4  процент  сты æппæрццаг хъуыдыйыл.

Афтæма, иртасæнмæ гæсгæйæ,   Гуырдзысьтоны  цæрджыты  74  процент  (16 процентæй   фылдæр 2018  азимæ абаргæйæ)   информациргонд сты,  цæмæй Евроцæдис финансонæй æххуыс  кæны бæстæйæн æмæ  62 процент  хъуыды кæнынц, цæмæй   ацы  æххуыс эффективон у.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæварады  вебфарсыл  публикацигонд  пресс-релизы  лæвæрд  сты иртасæны фæстиуджытæ  Гуырдзыстоны æмæ дæнцтæ,  уæлæмхас  детæлттæ та бавдыст сты  инфографикæйы æмæ  хыгъдлæвæрды.

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы   минæварады  информацийæ,   нырид  цыппар аз у  иртасæнтæ æрвылазонæй  кæй  цæуынц,  ардгæй  фыццаг уылæн  райдыдта  2016  азы.  Ахæм иртасæнтæ  афтæдæр уагъд æрцыд  «Скæсæн партнерады»   иннæ  фондз  бæстæйы: Азербайджаны, Белорусы, Молдовæйы Республикæйы, Сомихыстоны æмæ Украинайы.