Ирон фарсы ссæрибаргонд Элдар Гундишвили - Мæ цæхæрадоны уыдтæн, æмæ мæ уым рацахстой
Ирон фарсы  ссæрибаргонд Элдар Гундишвили - Мæ цæхæрадоны   уыдтæн, æмæ мæ уым рацахстой

Оккупацигонд Цхинвалы   рæстæгмæ  ахсты   изоляторæй  ссæрибаргонд Гуырдзыстоны  дыууæ æмбæстагы  МХМ-ы  Шида Картлийы   департаменты  æрфарстой.

Элдар Гундишвии  æмæ  Хъæзиаты Теймуразы   оккупацион режим  æнæиварæй  ссæрибар кодта.

Элдар Гундишвили  Фыццаг Къаналимæ  ныхасы рæстæджы  рымысыд ахсты детæлттæ.  Гундишвилийы дзырдæй  уый  æмæ Хъæзиаты Теймуразы хицæнтæй  æрцахстой.

«Мæ цæхæрадоны   уыдтæн,  стур хызтон  æмæ мæ уым рацахстой.  Цæхæрадон оккупацион хаххæй  100  метры  ис.  Уым хæстæг ис кувæндон  æмæ  уымæй  дарддæр  ахизын  бар нæм нал ис.   Тæрхон  нæ  сырæзт,   нæдæр мын ивар  бафидын кодтой. Мæ бинонтæ  нырма ницы  зонынц» – хъусын кæны  ссæрибаргонд  Элдар Гундишвили.

Гуры  муниципалитеты  Адзвийы  хъæуæй   уырыссаг оккупанттæ  дыууæ  гоймагы  знон аскъæфтой.   Элдар Гундишвили æмæ Хъæзиаты Теймуразы абон  ссæрибар  кодтой.