Иран Персы  бакæлæны  нефттанкер  æрцахста
Иран Персы бакæлæны нефттанкер æрцахста

Иран Персы  бакæлæны  нефттанкер  æрцахста.  Информацийы  уый тыххæй   исламы  Республикæйы  паддзахадон  телеуынынад  хъусын кæны.

Бæрæг куыд у  афтæмæй,   танкер   Персы  бакæлæны уылты  нефты контрабандæйæ  аласын  архайдта.

Ахсты операци   Ираны   Исламы   Революцийы  гвардийы   корпусы минæвæрттæ ауагъдтой.  Нефттанкерыл уыдис 12  гоймаг. Бæрæг нæу   кæцы  бæстæйы  сæрмагонд у  танкер æмæ  кæцон  сты  бртыл  уæвæг  уæнгтæ.

ИРаны æмæ Ныгуылæны æхсæн  ахастытæ  фæстаг периоды  тынг фæкарз  сты. Цъус рæстæг размæ   Стыр Британи официалон Тегераны,  Персы  бакæлæны  невттанкертæ бырсты фæзылынджын кодта.  Афтæма Ираны  бырстыты аххосджын кæны АИШ-æ  дæр.