Иракъы гарзджын тыхты информацийæ, зæгъгæ Сирийæ  ацæугæ америкаг  æфсæддæттæн, Иракъы  баззайынæн бар нæй
Иракъы гарзджын тыхты информацийæ, зæгъгæ Сирийæ ацæугæ америкаг æфсæддæттæн, Иракъы баззайынæн бар нæй

Сирийæ  ацæугæ америкаг  æфсæддæттæн, Иракъы  баззайынæн бар нæй.  Уый фæдыл  информацийы   агентад   «Ройтер»   Иракъы  гарзджын тыхты минæварыл   æнцойæ   хъусын кæны.

Иракъы гарзджын тыхты дзурынц, цæмæй зæгъгæ АИШ-ы  æфсæддон хайадтæн  Иракъмæ бахизыныл разыдзинад  æрмæст   уыцы цауы раттой,  кæд æмæ сæ  фæстæдæр  æндæр бæстæмæ  аргъæвдзысты  уæд.

«Сирийæ ракæнгæ  америкаг  тыхтæн,  Курдистаны  регионмæ бацыды бар уый тыххæй  раттой, цæмæй  сæ бон бауа  Иракъы  фæлгæтты æддæмæ транспортаци скæнын.   Ацы тыхтæм нæй бар Иракъы  баззайынæн» – дзырдæуы   Иракъы гарзджын тыхты  фидиуæны.

Знон   агентад  «Эссошиэйтэд Пресс»   Пентагоныл æнцойæ  ахæлиу кодта  информаци, ома зæгъгæ  Сирий ракæнгæ  америкаг æфсæддæттæ,   Иракъы æрлæудзысты.