Иракы  цæрæг   Гуырдзыстоны æмбæстæгты тыххæй,  фæсарæн хъуыддæгты министрад аразы  куырдиат
Иракы цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты тыххæй, фæсарæн хъуыддæгты министрад аразы куырдиат

Иорданийы Хашимитон  Паддзахады   Гуырдызстоны минæварад, Иракы  цæрæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтимæ, кæцыты фылдæр  концентрацигонд сты  Курдистаны регионы, æнæаскуынгæ  контактыл  уæвы.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусинагæй,  горæтты, Духук, Эрдил æмæ  Сулейманийы,  æмбæстæгты  информацийæ уавæр сабыр у  æмæ сæм тас  не ртъхъирæн кæны. Афтæма  минæварады  кусы  24 сахатон  тæвд хахх 962 797 299 799.

Ирайнаг  ахадæг   инæлар  Хъасем   Солейманийы  3  январы  Багдады  аэропорты  фæмард кодтой.   Тегераны  райхъусын кодтой,  цæмæй  зæгъгæ «АИШ-æн  бæрзонд рангы   ирайнаг  инæлары  ликвидаци кæй  скодта уый тыххæй,   Иран  Америкæйæ  йæ  маст  сисдзæн».   Æртъхъирæнтæджын   куырдиат  сарызта АИШ-ы   президент дæр.  Дональд Трамп Иранмæ бартъхъирæн кодта,  52 мысанмæ бырстæй. Сæ нымæцы  ис  ирайнаг  культурон цырттæ.  Æмбæлон æртъхъирæны    куырдиат, АИШ-ы  президент  «Твиттеры»  сæрмагонд  фарсыл  равæрдта.