Ираклий Шотадзе - уадзын мæ пост æмæ уырнæг дæн, Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл расттæрхон сæххæст уыдзæн
Ираклий Шотадзе - уадзын мæ пост  æмæ  уырнæг дæн, Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл  расттæрхон  сæххæст уыдзæн

Сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзе йæ  куыстæй йæхи суæгъд кодта.Ираклий Шотадзе  ахæлиу кодта фидиуæн  кæцыйы уын  æнæивгæйæ  æнхъарæм:Фыццаджы дæр,   дзыллæйæн мæ фæнды  бамбарын кæнын, цæмæй  абон  ист  уынаффæ уыд  тæрхондоны æрмæст фыццаг инстанцийы  уынаффæ;  расттæрхоны процесс  æнæмнгæй адарддæр уыдзæн  æмæ æз уырнæг дæн, цææмй алы  азымджын, закъоны  æххæст  тызмæгдзинадæй  æрцæудзæн дзуаппмæ  лæвæрд.  Мах уый тыххæй  алцыппæт сарызтам –  дзыллæ  уый  хъуамæ зона.Мæнæн, куыд  Гуырдзыстоны сæйраг прокуррорæн,   иттæг нысаниуæгджын у,  алкæцы  æмбæстагы æууæнк  паддзахадон   институтты, сæрмагондæй та  растæвзарæндзинады  сегасæй   ахсджиагдæр  зылды – прокуратурæйы æрдæм.  Ацы системæйы  куысты  алы моменты дæр, æппæт  хъиамæт уагъд уыдис     законы  сæйрагдзинады  æрдæм, æмæ  мæ фæнды  бауырнæт мæ,  цæмæй  нæ дзыллæ,   мах  алчи иумæ  бахъом  уыдзыстæм æрфидар кæнæм  закъоны  сæйрагдзинад  нæ бæстйы.Мæнæн  сæрмагондæй нысаниуæгджын  у  рæстаг  расттæрхон, уæлдайдæр  хъуыддаг  æнахъомты марындзинадмæ куы æххæссы  уæд.Абон прокуратурæ тæрхондонмæ  бæлвырдгæнæнтæ  бавдыста,  кæцытæ  мæ  хъуыдымæ гæсгæ,   хъуамæ срæвдз кодтаиккой  хъуыддагыл  раст  тæрхоныскуд рахæссын.   Фыццаг инстанцийы  тæрхондон  æххæстæй не сразы ис  ацы  бæлвырдгæнæнтимæ æмæ  ацы   тынг вазыгджын   хъуыддаджы  фæстиуæг,   ауы этапыл  нæ бантыстис.  Фæлæ  ацы процесс адарддæр уыдзæн  улдæр  инстанцийы тæрхондоны æмæ  мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  алы  фыдгæнæг  æмбæлонæй  ратдзæн дзуапп  закъоны раз. Иу  у  барадон фрас, фæлæ  иннæ рдгæй та  нысаниуæгджын у   адæймагон ахаст ацы   хъуыддаджы рдæм. Фæнды мæ  сæйрмагондæй  баджзурон  Хоравайы уынгыл  мард  æнахъомты  ныййарджытæм:  æз кæддæриддæр уыдтæн æмæ ныр  дæр  дæн уæ фарсмæ. Бæстæйы сæйраг прокуррор æмæ фыдмæ  куыд  æмбæлы афтæ,  цыфæнды  пост дæр  мын ницы аргъ у,  ныхас  уæ  хъæбулты  цардмæ  куы æххæссы  уæд.  Фæнды мæ   зонат,  цæмæй  алцыппæт сарызтон  цæмæй  фыдгæнджытæ  дзуаппмæ лæвæрд  æрцыдаикоой.  Уырны мæ ацы къахдзæфæй  уæ  уæддæр бауырндзæн,  цæмæй бирæ æнæхъуаджы, цъаммар  аххосаг, кæцы  ме рдæм хъуыстис,  сæ нысан уыд  мæнæй  политикон   маст исын уый тыххæй,  цæмæй   къухдариуæгæй   Гуырдзыстоны прокуратурæ  бирæ   раздæры бæрзонд  гæсы,   кæцытæ нæ  бæстæйы  æрфидар кодтой  системон æнæраст, дзуаппмæ раттам   закъонмæ куыд  æмбæлы афтæ. Уый тыххæй  цæмæй  мæ фæнды  бауырнæт уæ мæ ныхæстæ,   абон  æз  уадзын мæ  пост  æмæ  уырнæг дæн,   цæмæй ацы  хъуыддагыл   расттæрхон   сæххæст уыдзæн кронмæ. Фæнды мæ дзыллæмæ  æрсидын, кæй  фæнды   сæнамондгонд  ныййарджытæн сæ фарсмæ  слæууын,   алцыппæт саразæт  фæдагуырды æххуысæн  æмæ æмкуыст кæнæт семæ. Фæсткгмæ  мæ  фæнды  бузныг зæгъын    прокуратурæйы  алы  кусæгæн,  кæцытæ  ацы азты дæргъы  нæ фарсмæ лæууыдысты  æмæ кæцытæ,  сæрмагонд  æдасдзинады  аргъæй,  æрвылбойнон режимы куыстой  расттæрхоны  сæххæст кæнынæн. Уырнæг  дæн, цæмæй  нæ уагдон  адарддæр кæндзæн   размæцыд æмæ райтынг, æмæ  стырдæр рольсæххæст кæндзæн   райтынггонд  барадон паддзахады  арæзтады фæндагыл» – банысангонд у   Ираклий Шотадзейы   фидиуæны.Ираклий Шотадзе  райгуырд 1983   азы.  2005 азы  фæцис  ахуыр Тбилисы  Иванэ Джавахишвилийы номыл    паддзахадон университеты,    юридикъон факультет.Ираклий Шотадзе  Гуырдзыстоны   сæйраг прокурроры  пост  ахста  2015   азы  27 ноябрæй.  Уый прокуратурæйы кусын  райдыдта  2006 азы  марты мæййæ  æмæ 2010  азы  сентябры  онг   æндæр æмæ  ндæр  постытæ ахста.  2010 азы  сентябры та,  кусын райдыдта   Гуырдзыстоны финансты  министрады  фæдæвзарæг    куысты,  цыран  æндæр æмæ æндæр постытыл  2013 азы  21  ноябры  онг  архайдта.