Ираклий Шотадзе - коммæгæс æмбæстагмæ куыд æмбæлы афтæ, æрбацыдтæн æмæ дзуапп ратдзынæн фæдæвзарæг камисы алы фарстæн
Ираклий Шотадзе - коммæгæс æмбæстагмæ куыд æмбæлы афтæ, æрбацыдтæн æмæ дзуапп ратдзынæн фæдæвзарæг камисы  алы фарстæн

Раздæры сæйраг прокуррор  Ираклий Шотадзе  хъусын кæны,   цæмæй Хоравайы  уынгыл æрцæугæ  марындзинады  хъуыддаджы бацахуыргæнæг  рæстæгмæ фæдæвзарæг   камисы   алы  фарстæн ратдзæн дзуапп – уый фæдыл  журналисттæн, экс- сæраг  прокуррор   фæдæвзарæг  камисы рабадты размæ  загъта.

«Закъоны коммæгæс  æмбæстагмæ  куыд æмбæлы афтæ, æрбацыдтæн   æмæ дзуапп ратдзынæн алы фарстæн, амæй  фылдæр та уын зæгъдзынæн   камисы  рабадты фæстæ»  –  райхъусын кодта Ираклий Шотадзе.

Фæдæвзарæг  камис  абон  мидхъуыддæгты  министр  Гиорги Гахариайы дæр æрфæрсдзæн.   Гахариа  рабадты   размæ  журналисттæн комментарий нæ ратта фæлæ банысан кодта, цæмæй  деталонæй  фæныхас кæндзæн   рафарсты  фæуды  фæстæ.

Хоравайы   уынгыл   марындзинады  хъуыддаджы  бацахуыргæнæг  рæстæгмæ фæдæвзарæг  камисы рабадтыл æрфæрстдзысты,   мидхъуыддæгты министры Гиорги Гахариайы,  юстицийы  министры  Тея Цъулукианийы  æмæ  раздæры   сæйраг прокуррор  Ираклий Шотадзейы.

Зæгъæн  ис  дыууæмæййон куысты  дæргъы,   парламентон  фæдæвзарæг  камис  нырид 70-йы адæймагы рафарста, сæ нымæцы  быцæудзинады хайадисæг  æмæ   цæстæйфенæг æнахъомты. Камисы   уæнгтæ  æнхъæл сты, цæмæй   хатдзæг сын цæттæ  уыдзæн   сентябры.