Ираклий Къобахидзейы Евросоветы  парламентон ассамблейы  вице-президентæй  ноджы иу  хатт сфидар кодтой
Ираклий Къобахидзейы Евросоветы парламентон ассамблейы вице-президентæй ноджы иу хатт сфидар кодтой

Страсбургы  Евросоветы  парламентон ассамблейы  зымæгон  сессийыл Гуырдзыстоны делегацийы уæнг  Ираклий Къобахиздзейы  вице-президентæй  ноджы иу  хатт сфидар кодтой.

Уыйимæ иумæ ма,  сессийы   гуырдзиаг делегацийы  хайады параллелонæй «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдарæн  дыууæ фарсон фембæлдтæ  сты плангонд Страсбургы.  Уый фембæлдзæн  Евросоветы парламентон ассамблейы  президент  Рик Даемсимæ, кæцы абоны  сессийыл президентæй ноджы иу  хатт сывзæрстой.  Даемсæй  уæлдай ма,  Ираклий Къобахидзе   фембæлдзæн   Дуния Миятовичимæ, адæймæгты барты  фарстыты  еврокомиссаримæ.

Евросоветы парламентон ассамблейы  зымæджы сесси Страсбургы  абон байгом ис æмæ 28  февралмæ аххæсдзæн.