Ираклий Кобахидзе – Уæрæсейы реваншистон æддаг политикæ сегасæй сæйрагдæр расидт у æдасдзинадæн
Ираклий Кобахидзе – Уæрæсейы  реваншистон  æддаг политикæ сегасæй  сæйрагдæр расидт у æдасдзинадæн

Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл   адæймаджы  барты  уавæр   тынг  уæззау у,  æрмæст суверенон  бæстæты  территориты  быргæ  æмæ дырыс  анекси  бæлвырдæй æвдисы  Уæрæсейы агресивон  архæйдтытæ æрвылбойнонæй –   уый фæдыл  Гуырдызстоны парламенты  сæрдар  Ираклий Кобахидзе Батумы,   НАТО-йы   парламентон  ассамблейы  Роуз –Россы 97-æм  семинарыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Ираклий Кобахидзе  куыл  банысан кодта афтæмæй,   ацы аз м семинары  темæ  химæлвасæг у, уымæн  æмæ  Сау денджызы  регион æмæ йæ æдадсзинады  зæгъгæ никуы  уыдис афтæ нысаниуæгджын.

«Ивгъуыд азы,  Гуырдзыстон сфысым  кодта  НАТО-йы   парламентон ассамблейæн – семинарæн,  кæцы  нывонд уыдис  Гуырдызстоны парламенты  ахастытæн НАТО-имæ.  Мах ацы  мадзалы  зæрдæрухсæй  нæ зæрдыл дарæм  æмæ  ныфсджын стæм,  цæмæй нæ  æмкуысткæнынад НАТО-йы парламентон ассамблоеимæ æмæ йæ  уæнг парламенттимæ, фидæнмæ  ноджы фæтынгдæр уыдзæн.  Ацы азы семинары  темæ, æцæгæй  дæр  тынг химæлвасæг у.  Сау Денджызы регион  æмæ   йæ  æдасдзинад нырма никуы  уыдис афтæ  нысаниуæгджын.  Фыцаджы дæр мæ фæнды  зæгъын, цæмæй 2016 азы  декабры   парламент райста  резолюци,   кæцыйы  мидæг бæлвырдæй  уыдис нысангонд, ома евро-атлантикон  интеграци  у  Гуырдзыстоны æддæ политикъæйы   иууыл сæйраг приоритет.   Уымæй уæлдай ма,   фæнысангонд фидиуæн  ноджы  фæфидардæр ис  конституцион æмвæзадыл, ивгъуыд азы  уагъд   конституцион реформæйы фæлгæтты.  Абоны бонмæ  евроинтеграци   бæлвырдæй гарантиргонд у, куыд æддæ политикæйы  приоритет афтæ.  Уымæй бæрæг  у  гуырдзиаг адæмы тырнынад. Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй  æвзæрстгæнджыты  абсолютон фылдæры хай, йæ фарс хæцынц  уыцы политикъон  паартитæн,  кæцытæн бавдыст уыд  проевропæйаг   платформæ 2018 азы   парламентон æвзæртсытæм,  уыцы рæстæджы  алы рафарстæй куы фæбæрг цæмæй,  ацы къурсæн ис  скуыддзаггæнæг  æмæ  рæзгæ  æнцойад гуырдзиаг дзыллæйы æрдгæй» –  расидтис Кобахидзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   ивгæ геополитикон  фæткæвæрды  æмæ уыйимæ баст  тасы  зæрдыл даргæйæ, Сау Денджызы  æмкуысткæнынад  у  æмæ  хъуамæ  уа  евро-атлантикон  интеграцийы  хай.