Ираклий Къобахидзе - Уæрæсейæн дезинформаци  у  тохы  иуæй-иу  хотых, цæй ныхмæ бавдисдзыстæм  рæстдзинад  æмæ  æцæг информаци
Ираклий Къобахидзе - Уæрæсейæн дезинформаци у тохы иуæй-иу хотых, цæй ныхмæ бавдисдзыстæм рæстдзинад æмæ æцæг информаци

Уæрæсейæн дезинформаци  у  тохы  иуæй-иу  хотых.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  ацы дезинформацийы  ныхмæ  мах бавдисдзыстæм  рæстдзинад  æмæ  æцæг информаци, –  ахæм дзуапп ратта  парламентон  фылдæрты  уæнг Ираклий Къобахидзе  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады сæрдары хæдивæгы  фидиуæнæн.

Дзырдæуы  фидиуæны тыххæй,   кæцыйы мидæг Юрий Швыткин  банысан кодта, цæмæй  «Новичок» -ы къорды  химион  буарадтæ амалгæнæг лабораторитæ  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы ис.

Уый æддæмæ Ираклий Къобахидзе  журналисттимæ ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта,  цæмæй Уæрæсейы зæгъгæ, Гуырдзыстоны æнтыстытæ  нæ райын кæнынц.

«Уырыссаг депутаты  фидиуæны тыххæй  куы зæгъæм,  æнæсерьозон у æмæ  уый тыххæй дæр серьозон комментари саразын  мæ  бон нæу.  Факт у уый мидæг, цæмæй,   кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ  ацæуа  фæдагуырд  æмæ мæ ныфс ис, цæмæй  уыдзæн  æмбæлгæ.  Æнæуый  Уæрæсейы  архæйдтыты тыххæй  куы зæгъæм, уæд  уыдонмæ гæсгæ  нæ  позици у бæрæг алкæмæн.  Уæрæсейы  нæ райынц Гуырдзыстоны  æнтыстытæй  æмæ  уый фæстиуæг  сты  ацы фидиуæнтæ. Хъыгагæн,  Уæрæсейæн дезинформаци у  тохы иуæй-иу  хотых. Кæй зæгъын æй хъæуы,  ацы дезинформацийы  ныхмæ  мах бавдисдзыстæм  рæстдзинад  æмæ  æцæг информаци», – загъта Ираклий Къобахидзе.