Ираклий Къобахидзе -  Саломэ Зурабишвили лидер у,  фæлæ нырид  фæбæрæг ис, цæмæй  сырæздзæн æвзæрстыты дыккаг тур
Ираклий Къобахидзе - Саломэ Зурабишвили лидер у, фæлæ нырид фæбæрæг ис, цæмæй сырæздзæн æвзæрстыты дыккаг тур

Ныридæгæн бæрæг у цæмæй сырæздзæн дыккаг тур – уый фæдвл   Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  парти  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   æххæстгæнæг  нымæрдар, Ираклий Къобахидзе  партийы  офисы уагъд  брифингыл райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ  Саломэ Зурабишвили  фæразæй ис, фæлæ   ацы рæстæгы  бæрæггæнæнтæй  разындис, цæмæй дыккаг тур уыдзæн.

«ХЪæлæсты  быхыгъды  процесс цæуы. Махмæ æрбацæуы  протоколы бæрæггæнæнтæ.  Бахгъд сты   1000-ы онг фадыгы бæрæггæнæнтæ. Лидер  у  Саломэ Зурабишвили, кæцы фыццаг бынат ахсы. Рабæрæг ис,  ацы  этапыл бæрæг у  цæмæй  дыккаг тур сырæздзæн, кæцыйы  хайад райсдзысты  Саломэ Зурабишвили    æмæ  Григол Вашадзе.  Уый у бæрæг  1000 фадыгы  бæрæггæнæнтæй» – райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе.

Парламенты  сæрдары  ныхæстæм гæсгæ,   фæткдæттæг къорд  дыккаг туры Саломэ Зурабишвилийы  уæлахиздзинадæй ныфсджын у.

«СИдын алкæмæ, адарддæр кæнæт  хъæлæсты  бахыгъды процесс  æмæ райдайæт  æмбæлон процедурæтæ, цæмæй  æвзарæнон процесс афтæ фæуа, куыд цыдис æнæхъæн боны дæргъы.  Мах загътам  цæмæй зæгъæн ис алы  дыккаг æвзæрстгæнæг  йæ фарс хæцы «Гуырдзиаг БÆллиццæн».  Ацы цауы дæр  афтæ уыдис, фæлæ  нын цъус  нал сфаг ис, цæмæй  фыццаг туры  фæуæлахиз уыдаиккам. Уымæ æмбæлгæйæ  дæр  абоны  уавæр у ахæм, цæмæй  æнæмæнгхъæугæ у дыккаг тур,  фæлæ мах уæддæр дзырдтам  цæмæй зæгъгæ уый гæнæн уыд  æмæ уырнæг дæн дыккаг туры  фæуæлахиз уыдзысстæм» –  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Гуырдзыстоны абон ацыдысты  президентон æвзæрстытæ.  Закъондæттынадмæ гæсгæйæ,  президентон канидадтæн уæлахиздзинадæн  хъæуы 50%+1 хъæлæс.  Æвзæрстыл  нымад  æрцæудзæн Гуырдзыстоны президенттæм уыцы  кандидат,  кæцыйæн схъæлæс кодтой  æвзæрстыты хайадисджыты æрдæгæй  фылдæр. Æвзæрстыты  хайадисджыты  хъæлæсты   нымæцы  хаст не æрцæудзысты  мæнгыл банымад   бюллетенты  хъæлæстæ.

Кæд æвзæрстыты  фыццаг туры  хъæлæсты  хъæугæ   нымцы  иунæг кандидат  дæр нæ райсдзæн уæд  снысан уыдзæн дыккаг тур.  Дыккаг туры  æвзæрстгæнджытæ æвзарæн хъуамæ саразой  фыццаг туры  дыууæ  сеппæтæй   хуыздæр фæстиуæг   кæмæн уыдис  уыцы  канидадтты  æхсæн. Æвзæрстыты дыккаг туры снысан кæны Централон Æвзарæнон Камис  æмбæлон  барамындæй.  Æвзæрстыты  дыккаг  тур  уагъд цæуы   фыццаг туры   фæстиуджыты  публикацийы  рауадзынæй  дыууæ къуырийы сæрыл.  Дыккаг туры  уæлахизгондыл  нымад æрцæудзæн уыцы кандидат, кæцыдæриддæр æрымбырд кæндзæн фылдæр хъæлæстæ. Кæд æмæ   Æвзæрстыты дыккаг туры  канидадттæ  æмбæрц  хъæлæстæ æрымбырд кæной, уæд ацы  цауы уæлахизгондыл нымад цæуы  уыцы  кандидат,  кæцы сæ  фыццаг туры  æрымбырд кодта  фылдæр хъæлæстæ.