Ираклий Къобахидзе – Саакашвили Гуырдзыстоны куы æрцæуа,  уæд тæккæ арæнæй  араст уыдзæн æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонмæ
Ираклий Къобахидзе – Саакашвили Гуырдзыстоны куы æрцæуа, уæд тæккæ арæнæй араст уыдзæн æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ

Кæд Саакашвили Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн, уæд тæккæ арæнæй  араст уыдзæн æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонмæ, алцыппæт уыдзæн  тынг  рæсугъд арызт –  уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар  Ираклий Къобахидзе, Михеил Саакашвилийы  Гуырдзыстонмæ  æрцæуыны  фæдыл  райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ Михеил Саакашвили  сæрмагонд фарсхæцджытæн, йæ æрцыды ныфсытæ  нырид  азты дæргъы дæтты, фæлæ  адæмæн  бирæ хатт фæмæнг кодта се нхъæлцытæ.

Фарстыл  спайда кæндзæн  æви нæ  хицауад Саакашвилийы  ныхмæ тыхæй,   уымæн æмæ йæ  баиргъæвын хъавынц 40  мин адæймаг, Къобахидзе   дзуапп  ратта  æмæ тыхæй не спайда кæндзысты.

«Тыхæй спайда кæнын у  барадхъахъхъæнæг органы цы бахъæудзæн  уый, цæмæй  кæцыфæнды  криминалы æрцахса. Цæй 40 000  адæймаг, 5 000  рымбырд кæнын дæр нæ бацис сæ бон, акцитæ сын куы уыдис уæд.  Ницы  тых нæ бахъæудзæн,  алцыппæт ацæудзæн тынг рæсугъд. Тæккæ арæнæй   араст уыдзæн  æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонмæ, уый æппæт арызт уыдзæн тынг рæсугъд», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.