Ираклий  Къобахидзе - президент фыццаг хъуамæ дома  алкæмæй закъонæн цыт кæнын  æмæ хъахъъæнын  уый та нæ  йæхæдæг  куры  регламенты халын
Ираклий Къобахидзе - президент фыццаг хъуамæ дома алкæмæй закъонæн цыт кæнын æмæ хъахъъæнын уый та нæ йæхæдæг куры регламенты халын

Гуырдзыстоны  Конституцимæ гæсгæйæ,   президент у   Конституцийы  гарант  æмæ  адæймаг,  кæцы  фыццаг хъуамæ дома  алкæмæй закъонæн цыт кæнын  æмæ хъахъъæнын – райхъусын кодта  парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе.

Парламенты сæрдар банысан кодта,  цæмæй  абоны парламенты  фæзындтæн ис  дыууæ фарсы – юридикон  æмæ  политикон.  Дзырдæуы  уый тыххæй,  цæмæй   президент Гиорги Маргвелашвили, протесты нысанæй,   ныууагъта парламенты  рабадтыты зал.   Президент  æрдомтта   уымæн дебаттæм бацыды  фадат раттын, сæ  дзырдæй ралæуды  рæстæджы.

Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ,  политикон цæстæнгасæй  хуыздæр уыдаит   президенты домæнтимæ сразы уын парламенты регламенты хæлды хардзыл.

«Ахæм цауы,   ничи бы райста  æфсон,  æхсæнхицауадон институтты æхсæн «быцæудзинады»-л ныхас кæнынæн.  Хъыгагæн  кæйдæр фæнды  баласа нæ ахæм процессмæ,  кæцы хъуыддаг бæрæг у  куыд  фылдæртæн – афтæ  каддæрдæртæн дæр»-  загъта  Ираклий Къобахидзе.

Юридикъон цæстæнгасæй та,   Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ,   парламент  хъуамæ архайа  регламентмæ гæсгæйæ.  Парламенты сæрдар  куыд банысан кодта афтæмæй,   хъыгаг у, цæмæй  гоймаг, кæцы у  Конституцийы гарант æмæ кæцы йæхæдæг хъуамæ  фыццаг  дома  алкæмæй  закъонæн   цыт кæнын,  йæхæдæг  нæ  куры  регламенты халын.

«Куыд парламенты сæрдар афтæ,   хъуыды кæнын, цæмæй  ахæм  архайд уыдаит  тынг зианхæссæг  алы  хицауадон институтæн, куыд президенты институтæн – афтæ парламентæн дæр»   загъта Къобахидзе.

Банысан кæнинаг у уый, æмæ парламенты регламентмæ гæсгæйæ,   парламенты раз  президенты, æрвылазон ралæуды фæстæ, нысангонд  у  фракциты лидерты   рацыд дæр,   фылдæрты æмæ къаддæрдæрты дæр, вице-спикерты  æмæ   парламенты сæрдары  рацыд.  Уый фæстæ кæронбæттæн  ныхасæй иу рацæуы    президент.