Ираклий Къобахидзе - Ныфс нæ ис, цæмæй хæлар бæстæты æнцойады руаджы, Гуырдзыстон фæфидардæр кæндзæн националон сæрибардзинад, æмæ суыдзæн евро-атлантикон æмгарады æххæстбарджын уæнг
Ираклий Къобахидзе - Ныфс нæ ис, цæмæй   хæлар бæстæты  æнцойады  руаджы, Гуырдзыстон  фæфидардæр кæндзæн националон сæрибардзинад,  æмæ  суыдзæн евро-атлантикон  æмгарады  æххæстбарджын  уæнг

Мæнæн  стыр  кад у, нæ  бæстæйы  хæлæртты, нæ æрдхорд бæстæты минæвæртты райсын ам,  Гуырдзыстоны  демократийы уæзæгы – Гуырдзыстоны-парламенты –  ахæм ныхæстæй райдыдта   йæ раныхас  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе,  тымбыл фынг  «Сабырад æмæ æдасдзинадæн –Уæрæсе-Гуырдзыстоны  2008 азы хæстæй 10 азы фæстæ»-ы фæлгæтты  уагъд  фембæлдыл.

Ираклий Къобахидзе  куыд   банысан кодта, афтæмæй,    парламент уыдис  уыцы  бынат,   цы ран  гуырдзиаг адæмы   егъау  тыхархайды руаджы  сæххæст ис  бæстæйы  хæдбардзинады  идея.

«Парламенты сæвзæрд  демокративон  хицауиуæг  æмæ  райтынг  ис  Гуырдзыстоны паддзахаддзинады  нырыккон системæ.  Парламент  у  сегасæй  фидар æнцой   гуырдзиаг парламент  демократийæн,  кæцы  у   гуырдзиаг  адæмы  сæрибарзинады æмзæрдæ,  куыд бæстæйы мидæг – афтæ æхсæнадæмон аренæйыл.

10 азы размæ,   августы  бонты,   парламенты  бæстыхайы  размæ  æрымбырд сты  нæ  хæлар  бæстæты  сæргълæуджытæ,  цæмæй  равдыстаиккой  протест Уæрæсейаг агрессийæн.  Уæ  бæстæты   лидерты хæддых  протест, æхсæнадæмон æмгарады мобилизаци скодта Гуырдзыстонæн фарсхæцыны æмæ   махæн, Гуырдзыстоны  цæрджытæн,   ратта ныфс, цæмæй нæ  сæрибардзинад  æмæ  националон хæдбарад   аирвæздзæн.  Фæнды мæ бузныг   зæгъын нæ  хæлар бæстæтæн,  сæ  æххуыс æмæ æнцойады  тыххæй.  Уæ æххуыс  тынг  нисаниуæгджын у хæсты фæстæ,   оккупаци æмæ   быргæ  анексийы уавæрты,  Гуырдзыстоны   рæзынад æмæ размæцыдæн», –  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæстаг азты  мидæг,  сырæзт  даргъ  къахдзæфтæ  Гуырдзыстоны  Евроцæдлисимæ  интеграцийы æрдæм,   кæцы æрхаста   рæзгæ  экономикон  æмгуыстад,  æнæвизæ режим  Европæйы бæстæтимæ  æмæ Евроцæдисимæ стратегион  æмгуыстад.

«Ныфс нæ ис, цæмæй   хæлар бæстæты  æнцойады  руаджы,   Гуырдзыстон  фæфидардæр кæндзæн националон сæрибардзинад,  сæндидзын кæндзæн  иудзинад  æмæ  суыдзæн   Европæйы æмæ евро-атлантикон  æмгарады  æххæстбарджын  уæнг», – бафтыдта ма  Ираклий Къобахидзе.