Ираклий Къобахидзе-  ницы  мидæг балтæ ис, ис æрмæст иу  бал, кæцыйы æхсæн  алчи хъуамæ бахъахъхъæна  æгъдæуттæ, уый  нымæцы,   æмбæлттимæ  быцæудзинад æддæмæ  кæй  ма  хъуамæ рахæсса  уый
Ираклий Къобахидзе- ницы мидæг балтæ ис, ис æрмæст иу бал, кæцыйы æхсæн алчи хъуамæ бахъахъхъæна æгъдæуттæ, уый нымæцы, æмбæлттимæ быцæудзинад æддæмæ кæй ма хъуамæ рахæсса уый

Нæй   гæнæн   къорды мидæг  уа быцæудзинад  æмæ    мидæг къордтæ   æмæ  уый  никуы æруадздзыстæм –  уый фæдыл Гуырдзыстоны пароламенты сæрдар Ираклий КЪобахидзе телекомпани «Имедийы»  эфиры райхъусын кодта.

Ираклий Къобахидзейы  журналист фарста, куыд ис гæнæн   «Гуырдзиаг  Бæллиццы»  хицаугæнæг  къорд   ацы скондæй   райса хайад 2020 азы  парламентон æвзæрстыты  уыцы фоныл,  къорды  уæнгты  æхсæн  куы ис  æргом  быцæудзинад  уæд.  Журналист  дæнцæн æрхайста  Эка Бсеселиайы  æмæ Сопо  Киладзейы, афтæдæр  Эка  Беселиа æмæ   Вано Зардиашвилийы  быцæудзинад.

Парламентысæрдар куыд банысан кодта  афтæмæй,   хицауадон къорды  уæнгты  æхсæн  быцæудзиналд  ма хъуамæ  уа  æмæ уый   превенцийæн  къорды уæнгтæ тыхыбын бауыдзысты  бæрæг  æгъдæуттæм гæсгæ  архайын.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдары   дзырдæй,   зæгъгæ  хицауадон  къорды уæнгты æхсæн быцæудзинады фактытæ  æддæмæ  райхъуыстысты,  фæлæ  Къобахидзе  дзуры, цæмæй  фидæны  ахæм  цаутæ   нал æрцæудзæн зæгъгæ.