Ираклий Къобахидзе -  «Националон  Змæлды»  хицаудзинады  фараст  азы, уыдысты сегасæй  уæззау  фыдракæндты  азтæ,  уый тыххæй  ратта дзыллæ  дзуапп  2012 азы   æмæ  ноджы  ратдзæн  28 октябры
Ираклий Къобахидзе - «Националон Змæлды» хицаудзинады фараст азы, уыдысты сегасæй уæззау фыдракæндты азтæ, уый тыххæй ратта дзыллæ дзуапп 2012 азы æмæ ноджы ратдзæн 28 октябры

Парламенты бюройы  абоны  раюадтыл    депутат Серги Капанадзе сарызта  фидиуæн,  знон ахæлиугонд аудионыффысты  фæдыл, кæцыйы мидæг æнхъæлцау, фигурир кæны Мирза  Субелиани  æмæ  ратта  фарст  ацы контексты парламенты ролы  тыххæй.

Депутатæн дзуапп   ратта  парламенты  сæрдар æмæ банысан кодта,   цæмæй   закондæттæг орган  æххæст кæны  йæхи сæрмагонд роль æмæ   функцитæ  куыд æмбæлы  афтæ.

«Уый тыхæй  цæмæйдзырд цæуы   парламенты  ролыл æмæ   хъуыддаг æххæссы   парламенты  престижмæ,   фыццаджы дæр  уын дзуапп ратдзынæн æз.  Парламентæн ис  йæхи сæрмагонд  роль æмæ  ацы  функцийы  парламент æххæст кæны  æмбæлгæйæ.  Мах федтам иу  спектакль, кæцы  ныридæгæн фæцис   æнæнтыстæй,  æмæ нын  ныр та  сымах  æнхъарут дыккаг  спектакль ,  кæцыйы  кæрон  афтæдæр æнæнтыст уыдзæн. Цæмæн?  Уымæн æмæ, зылынми кæм нæй,  фыдракæнд кæм не æрцæуы,  уым нæй  гæнæн  аразгæйæ  саразай  компромат» –  райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе.

Уымæй  дарддæр ма  Серги Капанадзе  бацымидис кодта,   кæцы  контексты  ысбаста  хицаугæнæг  бал, цæугæ   фæзындтæ  Националон Змæлды  9  азон хицаудзинадимæ, цæуылдæр  Къобахидзе дзапп ратта,  цæмæй  зæгъгæ Националон   Змæлды  режимæй  тæлмæн  сæвзæрд компроматтæй нæ фæлæ   фактытæй.