Ираклий Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй хицауады реорганизацийы планы фæдыл консультацитæ фесты
Ираклий Къобахидзе  хъусын кæны, цæмæй  хицауады реорганизацийы  планы фæдыл консультацитæ фесты

Парламенты  сæрдар, Ираклий  Къобахидзе  хъусын кæны,  цæмæй  консультацитæ  хицауады   реорганизацийы  планыл   фесты.

Къобахидзейы  дзырдæй,   премьер-министры  æмæ парламентон   фылдæрты  æхсæн принципон   фарстытыл баныхас  сырæзт.

«Премьер-министримæ  иумæ  хицауады  реорганизацимæ  гæсгæ  æркастыстæм   сæйраг  принцпитæ. Принципты  æмвæзадыл   баныхас кодтам  æмæ   уый  бындурыл  нын премьер   равдисдзæн  йæ  планы  хицауады  реорганизацийы фæдыл» – райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе, Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.

Премьер-министр, Мамука Бахтадзе,  парламентон   фылдæртимæ консультацитæ  уагъдта  æртæ боны  дæргъы.   Фæстаг  фембæлд  фылдæрты уæнгтимæ   партий «Гуырдзиаг  Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» офисы   æхсæвы рæгмæ  ацыд.