Ираклий Къобахидзе – Гуырдзиаг демократийы фæфидардæр кæныны Европæйы Советы роль, аргъ кæмæн нæй ахæм у
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары, Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй зæгъгæ Гуырдзиаг демократийы фæфидары Европæйы советы роль, аргъ кæмæн нæй ахæм у.
Къбахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, Европæйы Советы парламентон ассамблейы Лилиан Мори Паскьейы визит символон равг хæссы уымæн цæмæй, визит Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны 20 азы сæрмæ нывонд у.
«Фембæлдыл нæ дыууæфарсон æмкуысткæнынадмæ æрывнæлдтам æмæ фæныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй нæ интерестæм æмбæлон у ацы дыууæфарсон æмгуыстады фæстæдæр рапарахат кæнын. Афтæдæр нын уыд ныхас уыцы реформæты фæдыл, кæцытæ æххæст цæуынц Гуырдзыстоны.
Европæйы Советимæ æмгуыстады иттæг хорз фæлтæрдзинад нæм ис, конкретонæй, парламентон ассамблейимæ. Ацы æмгуыстад, нæ демократийы консолидацийы, барадон паддзахады принципты фæфидар кæныны нысаниуæгджын хайбавæрд кæны. Иттæг нысаниуæгджын у уыцы роль дæр, кæцыйы Европæйы Совет æмæ парламентон ассамблей æххæст кæнынц нæ территорион æнæхъæндзинадæн æнцой дарыны æрдгæй. Ацы 20 азы дæргъы Гуырдзыстон æндæр æмæ æндæр ардæмадæй стыр прогрессмæ æрцыд. Гуырдзыстоны æхсæнадæмон аренæйыл йæ аккаг баныт ахсы. Уырнæг дæн, цæмæй фидæны, нæ мæкуысткæнынад ноджы егъаудæр æмæ фæстиуæгджындæр уыдзæн» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.