Ираклий Къобахидзе -  «Гуырдзиаг Бæллицц»  кæронмæ æххæст кæны 19 апрелы бадзырд,  адарддæр кæндзæн ацы ахаст  æмæ принципæй архайын
Ираклий Къобахидзе - «Гуырдзиаг Бæллицц» кæронмæ æххæст кæны 19 апрелы бадзырд, адарддæр кæндзæн ацы ахаст æмæ принципæй архайын

Ираклий Къобахидзе  абоны брифингыл Сæйраг  Тæрхондоны  тæрхонгæнждыты сывзæрсты  фарсты фæдыл политикон  советы  позициты тыххæй фæныхас кодта.

Къобахидзе  куыд банысан кодта, афтæмæй,   зæгъгæ цæугæ азы  марты активон бадзырдтæ  уыд æхсæнадæмон партнертимæ æмæ   политикон   партитимæ   политикон  фидыды  аппы алыварс.

Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты сывзæрсты  процессы фæдыл уыдис разыдзинад, ома процедурæ  ногæй æркастаиккам Венецийы Комиссийы  рекомендацитæм æмбæлгæйæ.  Ацы рæстæджы ивд законыл æнцойæ,  уæлдай кандидаттæм  уыдаит  лæвæрд куырдиат бавдисыны фадат  æмæ æрмæст уый  фæстæ адарддæр уыдаит  кандидатты  æвзæрсты процесс.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ,   фæнысангонд текстмæ æмбæлгæйæ  архайын  «Гуырдзиаг Бæллицц»  нырма  документ бафыссыны агъоммæ,  марты райдыдта æмæ   Гуырдзыстоны парламентæн æмбæлгæ  закъонопроект  инициативæйы уагæй  24 марты бавдыстæуыд.  Уый  тыххæй  дæр Ираклий Къобахидзейы  фидиуæнæй,   парламенты фидаргонд  закон лæмбынæгæй æвдисы  Венецийы  Комиссийы рекомендацитæ.

«Уымæ нæкæсгæ,  Гуырдзыстоны парламент  политикон фидыды проектæй бæрæг  алы домæн  19 апрелы онг  сыххæст кодта,  31 марты публикацигонд текст 19 апрелы къухбафыст   фидыды  æнæивгæйæ  баззад.  Ацы æмæ уый æнгæс æндæр  аууæлтты  фæдыл «Гуырдзиаг Бæллицц»  фехъусын кодта  æхсæнадæмон партнертæн, кæцытæй нæм уыд куырдиат, 19 апрелы бадзырдыл  уæлдай  ивддзинæдтæй  цух  бафыстаиккам  къух,  цæмæй  ма фæдырысы архæйдтыты аххосæй  уæлдай политикон   зындзинæдтæ ма сæвзæрдаит.

Нæ партнерты ацы  куырдиат нæ  зæрдыл бадардтам. Афтæмæй лæмбынæг сыххæст ис  политикон  бадзырды алы домæн: –  Хицауады «йæхи фæурæдта»  Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты  зæронд уагмæ æмбæлгæйæ  снысан кæнынæй; – æхсæнадæмон  партнертимæ  разы рекомендацимæ æмбæлгæйæ, Юстицийы  Бæрзонддæр  Совет  баурæдта ныхасы  процесс; – парламент   сфидар кодта закон, кæцы лæмбынæг  æвдисы  Венецийы Комиссийы  æртæдæр  бындурон  рекомендаци; –  ног закъон  уæлæмхас кандидаттæн дæр ратта куырдиат  бавдисыны æмæ æвзæрсты  процессы  хайад райсыны фадат», – райхъусын кодта Къобахидзе.

Ираклий Къобахидзе   куыд райхæлдта, уымæ гæсгæйæ  фæнысангонд аууæлæй  Гуырдзыстоны  парламент хæсджын у, Гуырдзыстоны конституцийы æмæ  парламентон суверенитеты принципмæ æмбæлгæйæ  архайын,  байхъуса  æмæ  сæ хъæлæскæнынадмæ ракæна Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм бавдыст кандидатты.

«Гуырдзыстоны  парламенты регламентæй  бæрæг у  кандидатты  компетенцийы æмæ  намысджындзинад  сбæрæг кæныны  прецедент цæмæн нæй  ахæм æргом  процедурæ.  Растдæр ацы процедурæмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны парламент байхъусдзæн алы кандидатмæ  æмæ рахæсдзæн уынаффæтæ  сæ снысан кæныны фæдыл.

Уымæ нæкæсгæ æмæ æхсæнадæмон  партнерты куырдиаты ныхмæ, астæй  цыппар  барьерыл ахизæг   оппозицион парти,  оппозиционер   парламентарты æрдæгæй фылдæр  бадзырдыл къух нæ бафыстой, «Гуырдзиаг Бæллицц»  у æмæ базайдзæн    бадзырды æмзæрдæ  æмæ сифтонг кæндзæн  йе мбæлонæй  сæххæст.  Куыд æй уынут, афтæмæй,  «Гуырдзиаг Бæллицц» кæронмæ  æххæст кæны æмæ  адарддæр  кæндзæн ацы ахаст æмæ  принципæй  архайын», –   райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.