Ираклий Къобахидзе  фембæлд Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министримæ

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Латвийы Республикæмæ официалон визит райдыдта.

Визиты фæлгæтты  фыццаг фембæлды  Ираклий Къобахидзейы сарызта   бæстæйы фæсарæн  хъуыддæгты  министримæ  Эдгарс  Ринкевичимæ.

Гуырдзыстоны парламенты  пресс-куысты информацийæ,   фæрстæ  бæстæты æхсæн къуындæг хæларон  æмæ   политикон   ахастыты фæдыл  фæныхас кодтой.

Гуырдзыстоны парламенты  сæрдар,   министрæн Латвийы  бархионы расидынæй  100 азы сæр раарфæ кодта.

Ираклий Къобахидзейы  фидиуæнæй,  Латвий  Гуырдзыстонæн у ахæм  иузæрдыг хæлар кæцы хицæн кæны  иннæтæй æмæ   гуырдзиаг адæм  латвиæгты æххуысæн тынг кад кæны.  Банысан ис, цæмæй бæтсæты  æхсæн  уæвæг  фидар хæларон   ахастытыл амоны   бæрзонд  æмвæзады  визиттæ дæр.

Фæрстæ бæстæты æхсæн  æндæр æмæ æндæр ардæмадæй,  уый нымæцы   æхсæнпарламентон, экономикон,  ахуырады æмæ культурæйы  къабазты  æмгуыстады  фæарфдæр кæныны  фæдыл  æрныхас кодтой.

Сæ  аргълæвæрдæй,   Гуырдзыстон æмæ  Латвий  бирæфарсон  форматты  активонæй  æмгуыст кæнынц  æмæ æхсæнадæмон   форматы  тыхархайды координаци хъуамæ адарддæр уа  динамионæй.

Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон  структурæтæм  интеграцийы  процессыл  ныхасы рæстæджы, Эдгарс Ринкевич  сбæлвырд кодта,  цæмæй Латвий  у нæ бæстæйы   ныгуылæйнаг тырнынадты   активон  фарсхæцæг.

Фæрстæ æркастысты,   оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты сырæзт уæззау  гуманитарон  уавæр.

Эдгарс Ринкевичы  фидиуæнæй,  Латвий  хъæддыхæй  йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.