Ираклий Къобахидзе фембæлд аразы Польшæйы республикæйы премьер-министримæ
Ираклий  Къобахидзе  фембæлд аразы  Польшæйы республикæйы премьер-министримæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар   фембæлд аразы  Польшæйы  республикæйы   премьер-министр  Матеус  Моравиецкиимæ.  49 аздзыд  премьер  ацы посты  бацахста ивгъуыд къуырийы, сæрмагонд æмгъуыды фæуды онг  йæ пост Беата  Шидво куы  ныууагъдта  уый фæстæ.

Афтæдæр абон Ираклий  Къобахидзейы, делегациимæ иумæ  райсдзæн  Сенаты  маршал  Станислав Карчевски æмæ  Сеймы  маршал  Марек  Кучински.  Варшавæйы  къухбафыст æрцæудзæн  сенаты, сеймы æмæ Гуырдзыстоны парламенты æхсæн  æмгуыстады  фæдыл бадзырд.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдары визит Польшæмæ  19 декабрмæ аххæссдзæн.