Ираклий Къобахидзе- ис фарстытæ, цæмæй цас æххæст кодта президент иугæнæджы роль
Ираклий Къобахидзе-  ис  фарстытæ, цæмæй  цас æххæст кодта президент иугæнæджы роль

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе  ныфс æвæры, цæмæй   президент Гиорги Маргвелашвилиы  парламенты рацыд,   конструктивон уыдзæн.

Ираклий Кобахидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,    сæйраг у,   цæмæй  абон   парламенты  сырæза   хъуыддагджын æмæ фæстиуæгыл ориентацигонд дебаттæ.

«Фыццаджы дæр  байхъусдзыстæм хыгъдлæвæрдмæ æмæ уый  фæстæ   сырæздзæн дебаттæ.  Мæнæнæ  сæйраг у  сырæза хъуыддагджын  æмæ фæстиуæгыл ориентацигонд   дебаттæ. Ацы фондз азы  дæргъы  бирæ  фарст æрымбырд, кæцыйæ цымидис кæны дзыллæ.  Ис  фарстытæ  цæмæй  цас æххæст кодта  президент  иугæнæджы роль.  Фарст уыдзæн  ныххатыры  фарстмæ гæсгæ  дæр, кæцыйы фæдыл  æхсæнадмæ  бирæ фарстытæ сæвзæрд» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Гуырдзыстоны президент   Гиорги Маргвелашвили   парламенты   пленарон   рабадтыл  афæдзон  хыгъдлæвæрд   бавдисдзæн.   Парламенты  Гиоргии  Маргвелашвилийы   ралæуд  политикон   дебатты  форматы ацæудзæн.