Ираклий Къобахидзе  - Делимитаци æмæ  демаркацийы фарста бахахх кæнын   проблемæйæ банымайын гæнæн нæй
Ираклий Къобахидзе - Делимитаци æмæ демаркацийы фарста бахахх кæнын проблемæйæ банымайын гæнæн нæй

Делимитаци æмæ  демаркацийы фарста бахахх кæнын   проблемæйæ банымайын гæнæн нæй –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе  журналисты фарсты дзуаппæн, зæгъгæ уыдис æви нæ  премьеримæ  разыгонд  президент, ДавитГареджийы тыххæй  цы  фидиуæнтæ сарызта  уый.

«Нæ  зонын, кæм цы  коммуникаци  сырæзт.  Фæлæ  æмтгæй  райсгæйæ,  сыхаг паддзахадтимæ  делимитацийы æмæ  демаркацийы  фарста  актуалон у.  Æххæстæй сæрфадгонд  ацы æрдгæй  уавæр  у  æрмæстдæр Турчы  арæныл.

Уый тыххæй дæр,   цæй зæгъын æй  хъæуы, ацы  фарст æвæрд цæуы. Сæйраг  у цæмæ  алы  æмбæлон  фарста сыхаг паддзахадтимæ  консультациты   бындурыл хъуамæ аскуыддзаг уа» – райхуъсын кодта Ираклий Къобахидзе.

Къобахидзейы  дзырдæй,   фæнысангонд фарста  æндæр æмæ æндæр форматы  иудадзыгæй  лæууыд боны фæткы  30 азы  дæргъы.

«Темæ æнæхъæнæй  вазыгджын кæй  у,  уымæй  дæр  у  бæрæг  æмæ   30 азы  дæргъы нæ бантыст  ацы хъуыддаджы  кæронмæ бакæнын.   Раст афтæ у Азербайджаны  цауы.Делимитаци æмæ демаркацийы  фасртайы   бахахх кæнын, нæй  гæнæн  исты проблемæйыл нымад цæуы.  Сæйраг у æмæ уый  фæдыл ма сывзæра   провокацион къахдзæфтæ.  Уый тыххæй  дæр алкæмæ  сидæм сæхи бауромæт, хисæрмагонд инициативæтæй  æмæ импровизацитæй. Ай  уыцы  фарста  у,  кæцы дыууæ  хæлар  бæстæты æхсæн хъуамæ  аскуыддзаг уа  консультациты  бындурыл. Зурабишвилийы  фидиуæнты  фæстæ, æндæр æмæ æндæр æрдгæй  сырæзт ахæм къахдзæфтæ, кæцытæ  хъыгагæн  уавæр фæкарз кодтой  æмæ уый æрмæстдæр контрпродуктивон у.

Алцыппæт бæстæты  æхсæн ахастыты  æмвæзадыл хъуамæ  баззайа.  Уæлдай змæстытæ  хъуыддагæн ахъаз  не сты» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.