Ираклий Къобахидзе – цæттæ стæм  ауадзæм  кæцыфæнды реформæ, кæцы ахсджиаг уыдзæн нæ бæстæйæн æмæ европаг интеграцийæн
Ираклий Къобахидзе – цæттæ стæм ауадзæм кæцыфæнды реформæ, кæцы ахсджиаг уыдзæн нæ бæстæйæн æмæ европаг интеграцийæн

Цæттæ стæм  кæцыфæнды реформæ ауадзын, кæцы  ахсджиаг у нæ бæстæйæн æмæ европаг интеграцийæн.   Цæттæ стæм, Евроцæдисимæ  æмгуыстадмæ, – уый фæдыл  парламентон фылдæрты  лидер  Ираклий Къобахидзе   райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  тæрхонон реформæйы фарста фæстæмæ бонвæткы ис.

«Тæрхонон реформæйы тыххæй  куы зæгъæм,  сæрæй дæр   сæвæрдтам ацы фарста  æмæ  нырдæр бонвæткы ис.  Куыддæр нын бавдисдзысты  фактты æмæ бæлвырдгæнæнтыл бындурæвæрд  конкретон æнхъарæн  уый тыххæй  цæмæй   куыд ис гæнæн  тæрхонон системæ фæхуыздæр кæнын, афтæмæй уайтагъд  ауадздзыстæм уыцы  реформæ, фæлæ  абоны онг  рацыд дыууæ-æртæ азы  æмæ æнхъæлмæ кæсæм, реформæтыл ахæм фактты æмæ бæлвырдгæнæнтыл  æнцойæвæрд  æнхъарæнтæм. 2-3 аз аивгъуыди æмæ нырма  нæм  ницы  æрбахæццæ и, ныфс мæ ис, кæддæр  æрбахæццæ уыдзæн  æмæ сног кæндзыстæм дискусси реформæйыл», – райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе.