Ираклий Къобахидзе – æвзæрстыты  фæстиуджытæ банымадтой алчи, цалдæр састбавзарæг  оппозицийы партиты æддæ
Ираклий Къобахидзе – æвзæрстыты фæстиуджытæ банымадтой алчи, цалдæр састбавзарæг оппозицийы партиты æддæ

Нæ хæлæрттæн  фехъусын кодтам  информаци,  куыд цæттæ  кæны “Гуырдзиаг Бæллицц” дыккаг турмæ, æмæ æцы мадзæлттæ  сты  ист уый тыххæй,  цæмæй  дыккаг тур максималонæй   æмбæлон  уавæрты æмæ агъдауæй  ацæуа», –  уый фæдыл  «Гуырдзиаг бæллиццы»,  æххæстгæнæг  нымæрдар, Ираклий Къобахидзе, «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон  Гуырдзыстоны»   лидерты OSCE/ODIHR-ы  цæстдарæг миссийы  минæвæрттимæ фембæлды  фæстæ райхуъсын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ æвзæрстыты  фæстиуджытæ алчидæр банымадтой, конкретон   оппозицион партиты æддæ.  Къобахидзе  уырнæг у, цæмæй  ацы партитæ  фæстагмæ  сразы уыдзысты  æвзæрстыты фæтиуджытимæ.

Уыимæ  иумæ журналисты фарстыл: «Цæуыл æнцой  у  уæ оптимизм»,- зæгъгæ, Къобахидзе дзуапп ратта:

«Сæйраг ресурс  уый мидæг ис, æмæ реалонæй  æнæфæсайгæ бæлвырдгæнæнтæ ис  æвзæрстыты   демокративон  ауадзыны фæдыл.  Уыдис æрмæст   спекуляцитæ, дæнцæн, æнæрастæй  фыст протоколтæй  манипуляци  æмæ а. д., цæй бындурыл  дæр бæлвырд кæнынц  æрдзы  мидæг цы не рцыдис уый.  Реалонæй, нæ сæйраг аргумент у уый, цæмæй æвзæрстытæ  абсолютонæй демократон  уавæрты  ацыд æмæ  уый тыххæй  цæттæ стæм   дискуссимæ алкæимæ,  уый нымæцы  цæттæ  стæм, цæмæй информаци æвзæрстыты  демократонæй  ауадзыны фæдыл  бавдисæм  кæцыфæнды субъектæн,  куыд  политикон партитæн, афтæ æнæхицауадон организацитæн. Кæнæ та,  нæ бон у партиты бауырнын кæнæм, æхсæнадæмон партнертæ   цы дзурынц  уый», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.