Ираклий Къобахидзе - Æххæстгæнæг хицауадмæ ис æмбæлон план, цæмæй ларийы стабилондзинад рæвдз уа
Ираклий Къобахидзе - Æххæстгæнæг  хицауадмæ  ис  æмбæлон план, цæмæй  ларийы  стабилондзинад рæвдз уа

Æххæстгæнæг  хицауадмæ  ис  æмбæлон план, цæмæй  ларийы  стабилондзинад рæвдз уа, –  уый фæдыл  парламенты  сæрдар  Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд  фарстайы  фæдыл  хицауады уагъд цæуынц  иудадзыг  консультацитæ.

«Ларийы къурсмæ гæсгæ,   хицауадæн, æххæстгæнæг  хицауадимæ иу  æнæаскуынгæ  консультацитæ.  Ис сæм   план, кæцыйы  руаджы срæвдз кæндзысты стабилондзинад  æмæ   уырнæг дæн,  ацы нысанмæ баххæсдзыстæм», –  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Парламенты сæрдар  къурсы æппæрццаг  тенденциты  аххосæгтыл дæр фæныхас кодта.

«Ис дзы бирæ  аууæл æхсæнадæмон æмвæзадыл,   кæцы  бæрæг  æппæрццаг тенденцитæ æвзæрын кæны, фæлæ  уырнæг дæн,  нæраст политикъæйы  фæстиуæгæн  стабилондзинад срæвдз кæндзыстæм.   Афтæдæр мæм ныфс ис, цæмæй  æхсæнадæмон   тенденцитæ дæр нын пайдаджын уыдзысты»,-  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Фæстаг бонты мидæг  лари  цалдæр  пунктæй сæнæаргъ ис.  Националон  Банчы  официалон къурсæй,   доллары  аргъ  у  2.5339 ларийы.  Блумбергы  терминалы фæстаг  бæрæггæнæнтæй та,   доллары  къурс   2.6 ларимæ æххæссы.