Ираклий Гъарибашвили  национ разыдзинады идеяйы тыххæй
Ираклий Гъарибашвили национ разыдзинады идеяйы тыххæй

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  ай зын  саразинаг у. Бирæ   аргъуанархайæгы, фидиуæнтæм байхъуыстон  æмæ  разы дæн, цæмæй  кæд адæймаг  нæ фæсмон кæны æмæ  нæ сæтты  йæ  фыдракæндыл, кæд алцæмæн   йæ ном  нæ  раттæм  æмæ  дын адæймаг  куы нæ зæгъы, цæмæй  о,  афтæ у,  уæд  нæй гæнæн  æмæ   тынг вазыгджын  мæм кæсы  уый æппæт, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  национ фидыды фæдыл инициативæйыл ныхасы  рæстæджы  райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæг  бахахх кодта, цæмæй,  кæй зæгъын æй хъæуы, разы у  бæстæйы  ма уа  поляризаци.

«Поляризацийы  æмвæзад  тынг бæрзонд у  æмæ  нæ уый ницæмæн хъæуы,  нæ  интерестæм  нембæлы, фæлæ   кæмæй  цæуы –  кæд  ацы  фарст   æвæрæм, уæд дзуапп тынг  æнцон у – уый   равзæрдис   махæй  нæ  фæлæ  ацы  деструктивон тыхæй.

Афтæмæй, алкæмæн уыдзæн æмбæлгæ дзуапп. Алкæмæн ратдзыстæм дзуапп æмæ   ссардзыстæм бынат.  Кæд искæй  бафæнддзæн  басæттын, политикæ  фæивын, радикализмыл нæзагъд ракæнын, уæд  нын  æхсызгон уыдзæн, фæлæ  æцæгæй  куы зæгъон, уæд мæ   нæ уырны ацы  процесс, уымæнæмæ   кæсын  ацы  адæймæгты  архæйдтæм  æмæ хъуыды кæнын, цæмæй   тынг  зын саразинаг уыдзæн, фæлæ мын æхсызгон уыдаит.  Æнтыстытæ  зæгъы  мæ зæрдæ  ацы  идеяйы автор æмæ  инциаторæн», – банысан кодта  Ираклий Гъарибашвили.