Ираклий Гъарибашвили  Йенс Столтенбергимæ фембæлдзæн
Ираклий Гъарибашвили Йенс Столтенбергимæ фембæлдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  хицауадон делегациимæ  иумæ  Брюсселы   дарддæр кæны фембæлдтæ.  Абон  бæрзонд æмвæзы  фембæлдтæ  уыдзæн  Европарламент æмæ НАТО-ы.

Гуырдзыстоны  хицауады  сæргълæууæгæн НАТО-йы штаб хæдзары  сфысым кæндзæн  альянсы генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг.  Фембæлды фæстæ   Ираклий Гъарибашвили æмæ Йенс Столткенбергы иумæйаг  пресс-конференци  ацæудзæн.

Афтæма плангонд у НАТО-Гуырдзыстоны  комиссийы  рабадт.

НАТО-йы  Гуырдзыстоны  минæвар Виктор Долидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   НАТО-Гуырдзыстоны  комиссийы фæлгæтты,  æркæсдзысты   ахæм фарстæтæ, цахæмдæр сты  регионон  æдадсзинад æмæ  Гуырдзыстоны, куыд аспирант бæстæйæн  гом дуары политикæйы  нысаниуæг.