Ираклий Гаърибашвили фембæлдис  Ллойд Остинимæ
Ираклий Гаърибашвили фембæлдис Ллойд Остинимæ

Уæ визит у  АИШ-æй  нæ  территорион æнæхъæндзинад æмæ суверениетæн  фарсхæцыны  иттæг  тыхджын сигнал –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойдж Остинæн загъта  фембæлды рæстæджы.

Хицауады сæргълæууæг  АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдарæн  визиты тыххæй  бузныг загъта  æмæ   банысан кодта, цæмæй  ацы  визит  зæгъгæ  Гуырдзыстон-АИШ-ы  бæрзонд æмвæзады  ахастыты ноджы  иу  дырыс  цæвиттон у  æмæ  хахх кæны   Иугонд Штатты  æнæаскуынгæ  интерес  æмæ бастдзинад  Сау Денджызы  æмæ Хуссар Кавказы   регионмæ.

АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар  премьер-министрæн  хъарм райсты тыххæй раррфæ кодта  æмæ банысан кодта, цæмæй  йæ  визит Гуырдзыстонмæ, АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны  æнгом партнерады бæлвырдгæнæн у.

Ираклий Гъарибашвили банысан кодта,ц æмæй АИШ-æн Гуырдзыстоны  хуызæй  регионы ис  иузæрдыг  æмцæдисон.  Хаххгонд банысан  кодта бæрзонд æмвæзады  дыууæфарсон  æмгуыстад  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы.

Банысан ис цæмæй  хъахъхъæнынады тыхты  цæугæ  модернизацийы  процесс æмæ АИШ-ы  æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг тыхархайды   фæстиуæг у, Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы   хъахъъæнынады  уагдæтты æхсæн  абон къухбафыст меморандум та иитæг нысаниуæгджын у уымæн æмæ  вазыгджын  æдасдзингады уавæры тыххæй, ахсджиаг у  Гуырдзыстон адарддæр кæна  территорион хъахъхъæнынады  фадæттæ тынг кæнын.

Фембæлдыл хъусдард здæхт уыд  регионы  уæвæг уавæрмæ æмæ  Уæрæсейы  агрессивон  архæйдтытæм.  АИШ-ы  хъахъъхæнынады нымæрдар  Гуырдзыстоны  премьер-министрæн, ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  АИШ-ы  хъæддых  æххуыс Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ северентитетæн, æхсæнадæмонæй  нымад арæнты.

Позитивонæй аргъ  скодтой   Гуырдзыстоны  нысаниуæгджын  прогрессæн европаг æмæ евроатлантикон  инетграцийы фæндагыл. Ныхас афтæдæр уыд  НАТО-ы  фидæн саммитыл, кæцы  Гуырдзыстонæн  размæцыд банымадæн  дзæбæх фадат  у æмæ банысан ис  æмцæдисонты æхсæн  консессусы цæстæнгасæй  АИШ-ы  бастдзинады  скуыддзаггæнæг  нысаниуæг.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куыст.