Ираклий Гъарибашвили  фембæлд Элизабет Рудимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлд Элизабет Рудимæ

Гуырдзыстоны стратегион  партнеримæ, АИШ-имæ  хъахъхъæнынады  сферæйы   дыууæфарсон  æмкуыстакæнынад фæтыхджындæр кæныны  фæндæгтæ  афæлгæста   Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр, Иракли Гъарибашвили  АИШ-ы  минæвары  хæстæ  æххæстгæнæгимæ, Элизабет Рудимæ  фембæлды рæстæджы.

Ираклий Гъарибашвили  АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæгæн æмæ  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  атташейæн,  полковник Стефани  Беглийæн сфысым кодта хъахъхъæнынады   министрады.

Ираклий Гъарибашвили   АИШ-ы  хицауадæн  политикъон æмæ практикон  æххуысы тыххæй   бузныг  загъта.

Фæрсты æхсæн ныхас  сырæзт  Гуырдзыстоны æмæ  АИШ-ы  æхсæн   стратегион    хъахъхъæнынады  сферæйы  æмгуыстад фæарфдæр кæныны   фарстайы æмæ   фидæны   плæнттыл. Сæрмагонд хъусдард  арызт уыд  Гуырдзыстоны территорион хæдиргъæфхъомады фадæттæ фæтынг кæныныл.

Ираклий Гъарибашвили æмæ  Элизабет Руд,  хъахъъхæнынады æмæ  æдасдзинады  сферæйы  æмгуыстады  фæлгæт-бадзырды  документы  ранæуæг кæныны фарста  æркастысты, кæцы æввахс  фидæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры  АИШ-æм визиты рæстæджы  æрцæудзæн къухæвæрд.

Фембæлдыл афтæдæр ныхас  сырæзт  Гуырдзыстоны  евро-атлантикон  тырнынад  æмæ АИШ-имæ  иумæ   æхсæнадæмон æдасдзинады   Гуырдзыстоны  хайбавæрдыл.

Информацийы   хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрад.