Ираклий Гъарибашвили – Федтам, куыд бацархайдтой, ацы трагедийæ политикон нысæнттæм æрцæуынæн спайда кæнын, амæй  формалондæр ма цы ис гæнæн уа
Ираклий Гъарибашвили – Федтам, куыд бацархайдтой, ацы трагедийæ политикон нысæнттæм æрцæуынæн спайда кæнын, амæй формалондæр ма цы ис гæнæн уа

Федтам,  цæмæй  бацархайдтой   трагедийæ спайда кæнын  сæрмагонд политикон нысæнттæм баххæссынæн. Амæй  фылдæр аморалон ма  цы ис гæнæн уа,   мард адæймагы  трагедийæ  куы архайыс  сæрмагонд политикон нысæнттæм æрцæуын, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  хицауады  администрацийы  лæвæрд брифингы рæстæджы райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Лексо Лашкаравайы фæдыл   алы  тыхгæнæг зæкъомæ æмблгæйæ карз æфхæрд æрцæудзæн.

«Фæнды мæ зыгъын уын мæ аргълæвæрды тыххæй  ацы бонты  дæргъы  айтынггонд фæзындты  фæдыл.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  ай у радон æнæнтыст  сусæвæнд паддзахады ныхмæ.  Антипаддзахадон  æмæ антиаргъуанон тыхты плангонд сусæгвæнд  нæ бантыстис  æмæ  никуы бантыстдзæн нæ бæстæйы.  Федтам, цæмæй  бацархайдтой  ацы трагедийæ  спайда кæнын сæрмагонд политикон нысæнттæм æрцæуынæн. Амæй  фылдæр аморалон ма  цы ис гæнæн уа,   мард адæймагы  трагедийæ  куы архайыс  сæрмагонд политикон нысæнттæм æрцæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы уæлдай у,  цæй аххосæй  æрбамард Лексо Лашкарава, алы тыхгæнæг  закъонмæ æмблæгæйæ  карз æфхæрд æрцæудзæн,  пъæлицæй  нырид рацахста цыппар гоймагы. Цыфæнды тыхмидзинад нæрайсгæ у. Фауæм  æмæ кæддæридæр байфаудзыстæм, фæхъыгдардзыстæм  цыфæнды тыхмидзинад бæстæйы», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.

«Тв Пирвелийы» оператор Лексо Лашкарава,  кæцыйы 5 июлы  фæзындты рæстæджы фыднад скодтой, амардис.  Мæлæты  аххос  ацы рæстæгмæ бæрæг нæу. Лексо Лашкарава  клиникæйы цалдæр боны арвыста, цæй  фæстæ дæр æй  хæдзармæ  рафыстой.  Фактыл райдыдта  фæдагуырд.

Хицауады  куыстуæгъды  æркуырдæй 11  июлы Тбилисы  Руставелийы проспектыл  акци ацыд.