Ираклий Гъарибашвили Афганистаны, Баграмы базайыл уæвæг гуырдзийаг батальон бабæрæг кодта
Ираклий Гъарибашвили Афганистаны, Баграмы базайыл уæвæг гуырдзийаг батальон бабæрæг кодта

Ираклий Гъарибашвили Афганистаны, Баграмы базайыл уæвæг гуырдзийаг батальон бабæрæг кодта

Афганистанмæ визиты фæлгæтты, Гуырдызстоны хихъахъæнады министр, Ираклий Гъарибашвили, Баграмы базайыл уæвæг гуырдзийаг батальон бабæрæг кодта.

Министрады делегаци Баграмы авиацион базайыл Назар-Шарифы визиты фæуды фæстæ уыдысты. Гуырдызстоны хихъахъæнады министрыл аэропорты базайы сæрдар, бригадайы инæлар,  Брайан Волфорд фембæлд æмæ фембæлдыл гуырдзыийаг æфсæддæтты ролыл сцырын хъусдард.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, фæстæ дæр та Ираклий Гъарибашвили Баграмы авиацион базайыл дислоциргонд 43-æм батальоны уæнгтыл фембæлд, æппæтдунеон аренайыл Гуырдызстоны номы ауæрæхæн бузныг расидтис æмæ кадджын уавæрты сарæзтæн плангонд социалон æмæ инфраструкутрон плæнттимæ базонгæ ис.

Баграмы авиацион базайыл Гуырдызстоны хихъахъхъæнады министр Афганистаны æппæтдунеон миссийы мардгонд гуырдзийаг хъæбатырты мемориалмæ дидингуытæ бахаста, уый фæстæ та гуырдзийаг æфсæддæтты æмæ америкаг денджызон дæлхайадты хихъахъхъæнады  министрады медалтæй схорзæхджын кодта.

Ираклий Гъарибашвили Афганистаны исламон республикайы куыстон визитæй , Гуырдызстоны гæрзифтонг тыхты сæрдаримæ иумæ ныццыд.