Ираклий Гъарибашвили æхсæнадæн  арфæ кæны  абхазаг æвзаджы бон
Ираклий Гъарибашвили æхсæнадæн арфæ кæны абхазаг æвзаджы бон

Гуыррдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æхсæнадæн арфæ кæны  абхазаг  æвзаджы  бон.

Ираклий Гъарибашвилийы  дзырдæй, гуырдзиагимæ иумæ абхазаг æвзаг  Гуырдзыстоны конституцийæ  у хъахъхъæд  æмæ  паддзахад хæсджын у,  уый бавæрын  æмæ  рапарахаткæнын.

«Абхазаг æвзаджы бон  мæ  фæнды раарфæ кæнын  æппæт Гуырдзыстонæн,  сæрмагондæй та, абхазаг  æхсæнады  минæвæрттæн, кæмæндæриддæр  абхазаг  æвзаг у  мадæлон. Абхазаг æвзаг, культурæ  æмæ традицитæ нæ иумæйаг,  бирæгъуызон  культурæйы  скæнæг  хай æмæ  хæзна у.  Гуырдзиагимæ иумæ  абхазаг  æвзаг хъахъхъæд у  Гуырдзыстоны конституцийæ  æмæ паддзахад йæ  бавæрын æмæ рапарахат кæнын  хæсджын у.

Абхазы  регионы оккупацийы æмæ цæугæ руссификацийы  æнæзаконон   политикæйы  уавæрты  абхазаг  æвзаг лæууы  фæтаруыны  серьозон  тасы раз; Гуырдзыстоны  хицауад  нысаниуæгджын  къахдзæфтæ  аразы  йæ фервæзын кæнын æмæ  бахъахъхъæнынæн,   стынг  кæныны æмæ популяризацийы  æрдгæй.  Абхазаг  культурон идентондзинады,  хæдбындурдзинад  бахъахъхъæнынæн  æмæ æвзаг  рапарахат кæнынæн  нысаниуæнгджын у,  цæмæй  нæ тыхархайд уа  иууон æмæ фылдæр  æвзонг  бацымидис кæнæм  ацы уникалон æвзаг бацахуыр кæнын. Иумæ  хъуамæ  саразæм  сабыр  фидæн   иугонд  европаг  паддзахады.

Еицыҳахьчап аҧсуа бызшәа

Иумæ бахъахъхъæнæм  абхазаг æвзаг» – дзырдæуы премьер-министры арфæйы.