Ираклий Гъарибашвили - Ацы аз пълан кæнæм  НАТО-йы стандарттæм  æмбæлгæ  цалдæр сæдæ  ног  спецтехникæ балхæнын
Ираклий Гъарибашвили - Ацы аз пълан кæнæм НАТО-йы стандарттæм æмбæлгæ цалдæр сæдæ ног спецтехникæ балхæнын

Ацы аз пълан кæнæм  НАТО-йы стандарттæм  æмбæлгæ  цалдæр сæдæ  ног  спецтехникæ балхæнын æмæ  нæм цы  ис,  уый  раивын, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр   «Рустави2»-йы эфиры, хъахъхъæнынады тыхты  цæугæ   ногдзинæдты фæдыл ныхасы рæстæджы  загъта.

Ираклий Гъарибашвилийы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  коронавирусы  ныхмæ тохы   хъахъхъæнынады  тыхты  минæвæрттæ  иттæг нысаниуæгджын  хайбавæрд скодтой, фæлæ ацы  процессы  бæрæг  техникон  проблемæтæ дæр фæбæрæг сты.

«Иуæй-иу  фыццаг проблемæ, кæцыйы  ацы аз алыг кæндзыстæм, уыдзæн техникæ ранæуæг кæнын.  Сæрмагондæй та,  хъавæм  цалдæр сæдæ  ног спецтехникæ балхæнын- НАТО-йы  стандарттæм æмбæлон,  европаг  брендтæй  æмæ уыдонæй фæивын уæвæг техникæ, цæмæй   æфсад  проблемæ алыгæн  бахъом уа»,- райхъусын кодта хъахъхъæнынады министр.