Ираклий Антадзе – Инцидентты превенцийы  æмæ сыл реагиркæныны  механизмы  фембæлдыл, нæ ртæ  æмбæстагы  ссæрибар кæныны фарста бавдисдзыстæм
Ираклий Антадзе – Инцидентты превенцийы æмæ сыл реагиркæныны механизмы фембæлдыл, нæ ртæ æмбæстагы ссæрибар кæныны фарста бавдисдзыстæм

Эргнеты  инциденттæ маруадзыны æмæ  сыл реагир кæныны механизмы фæлгæтты  фембæлдыл  фылдæр хъусдард здæхт уыдзæн   ивгъуыд  фембæлдæй  абоны онг оккупацигонд  регионы æмæ  йæ  арæнгæрон территорийыл æрцæугæ алы  нысаниуæгджын инцидетты рдæм кæцы  знаггадгæнæг  у  æдадсзинады  уавæрæн –  уый фæдыл ПÆК-ы  аналитикон  департаменты  къухдариуæггæнæгы   хæдивæг  Ираклий Антадзе  райхъусын кодта.

Ираклий Антадзе  куыд банысан кодта  афтæмæй,   зæгъгæ фембæлдыл  æвæрд æрцæудзæн фарста  æрцахстуæвджыты  æнæуæлдайнгыхасæй ссæрибар   кæныны фæдыл.

«Зондзыстут æй, цы  уавæры  ацæудзæн  фембæлд,  нæ  æртæ  æмбæстаг   оккупацигонд территорийыл ахстæй  куы сты.  Фембæлдыл  бавдисдзыстæм   фарста  фæнысангонд  уæнгты   æнæуæлдайныхасæй  ссæрибар кæныны фæдыл,  цæмæй  цыбырдæр æммгъуыдтæм æрыздæхой  сæ хæдзæрттæм.  Сæрмгаонд  хъусдард  здæхт уыдзæн    ивгъуыд фембæлдæй  абоны онг   оккупацигонд регионы æмæ йæ  алфамбылæй территорийыл алы   нысаниуæгджын инциденты рдæм,  кæцы  знаггадгæнæг у æдасдзинады  уавæрæн,  æрымысгæ  аххосæй   змæлд арæн кæныны рдгæй.  Иуæй-иу  сæйраг   фарста у  æдасдзинадмæ нывонд  блокъ.  Фарстатæ  сты  иттæгнысаниуæгджын  æмæ  уымæ гæсгæ  дæр сæ иууылдæр æркæсдзыстæм» –  райхъусын кодта Антадзе.

Гуры муниципалитеты  хъæу Эргнеты, иуæндæсмæйон  паузæйы  фæстæ,  инцидентты превенцийы  æмæ сыл реагир кæныны механизмы  радæй 96-æм фембæлд (IPRM)   цæуы.