Ираклий Абесазе – Нысаниуæгджын у Сæйраг Тæрхондоны сæрдарæй æвзæрст æрцæуа «Гуырдзиаг Бæллиццæй» уæгъдибар кадр
«Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Ираклий Абесадзе ныфс дары, цæмæй президент дзыллæимæ консультацийæ æмæ консессусыруажы сывзардзæн Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнæджы ахæм кандидаты, кæцы бахъом уыдзæн тæрхондон кризисæй ракæнын.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сæйраг тæрхондоны равзæрст, кæцы ныр цæуы, у сегасæй нысаниуæгджын процесс.
«Хорз уынут, «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады аууæлтты куыд фæарфдæр ис кризис тæрхондоны. Реалонæй абон райстам политиконæй дæлбар æмæ коррумпиргонд тæрхонон системæ, уый тыххæй дæр нысаниуæгджын у, сæрдары кандидатурæйæ бавдыстæуа «Гуырдзиаг Бæллиццæй» æмæ политикъон æндæвдадæй хæдбар, принципон æмæ профессионал кадр, кæцы бахъом уыдзæн дзыллæйы æууæнк æрыздаха тæрхондонæн, кæцы баст у тæрхондоны объективондзинадыл.
Ныфс мæ ис, цæмæй преиздент дзыллæимæ консультациты æмæ консессусы фæрцы, Сæйраг Тæрхондоны сæрдæрттæм ахæм кандидаты сывзардзæн, кæцы бахъом уыдзæн тæрхондоны кризисæй раласын, раздæры каниддатурæйæ хъауджыйæ, кæцыйы дæр президент Маргвелашвили сывзæрста» – райхъусын кодта Абесадзе.