ИНО-йы  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Дунейы  амондджын бæстæты рейтингы, Гуырдзыстоны позици фæхуыздæр ис
ИНО-йы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Дунейы амондджын бæстæты рейтингы, Гуырдзыстоны позици фæхуыздæр ис

Гуырдзыстон  Дунейы  амондджын бæстæты рейтингы  119-æм  бынат ахсы.  Æмбæлон хыгъдлæвæрд  публикаци  скодта  ИНО.  Фæнысан кæнинаг  у, цæмæй  ивгъуыд азы иртасæны  Гуырдзыстон 128-æм позицийыл уыд.

Иртасæны  автортæ рейтингы аразыны рæстæджы  сæ зæрдыл дарттой  ахæм фактортæ: æмтгæйон мид продукт  иу удгоймагыл,  социалон ифтонгад, царды астæуккаг дæрггъвæтиндзинад,  æмбæстæгты  сæрибардзинад, коррупцийы æмвæзад.

Дунейы  сеппæтæй  амондджын фондз бæстæйы æхсæн сты –  Финлянди, Дани, Норвегий, Исланди æмæ Нидерландтæ.

Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны  сыхаг бæстæтæм æххæссы,  Сомихыстон номхыгъды 116-æм бынатыл ис, Азербайджан 90-æм, Уæрæсе 68-æм, æрмæст Турк – 79-æм бынатыл.

Номхыгъды  æппæты фæстаг бынат ахсы  Хуссар Судан.

20 марты Дунейы  амондджындзинады  æхсæнадæмон бон нысан кæнынц, кæцыйы  ИНО-йы  генералон ассамблейы  резолюцийæ  2012-æм азы  расидтæуыд.