ИНО - Дунейы  2.1  миллиард адæймаг ныуазæн донæй  хъуаг  цæрынц
ИНО - Дунейы 2.1 миллиард адæймаг ныуазæн донæй хъуаг цæрынц

Дунейы  2.1  миллиард адæймаг   ныуазæн донæй  хъуаг  цæрынц, –  уый фæдыл   хъусын кæны ИНО.  Æхсæнадæмон организацийы æрцæттæгонд   хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 844  милуан  адæймаг, ныуазæн дон ссарынæн, æрвылбойнонæй  тыхбын сты  фистæгæй  30  минутон балц кæнын.

Ныуазæн доны дефицитмæ  гæсгæ, сегасæй  серьозон   проблемæ  ис Африкæйы континентыл.   Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ,   субсахарайаг  Африкæйы регионы, ныуазынæн  бæзгæ  дон, рæувадат у  æрмæстдæр  цæрджыты 24%.

Юнескойы  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  фæнысангонд  проблемæ, рæзгæ бæстæтимæ иумæ, рахатинаг у  Европаг паддзахадты æмæ  Цæгат  Америкæйы дæр.  Уыйимæ иумæ,  серьозон проблемæ  у  адекватон  санитарон нормæтæ. Фæнысангонд   проблемæ  æхсæнадæмон масштабæй, 4,3  миллиард  адæймагы хъыг дары.  36 адæймагæн та,  сæ хæдзæртты  базон санитарон  нормæтæ дæр нæй.