Индийы   парламентон æвзæрстыты   фæуæлахиз ис хицаугæнæг  альянс
Индийы парламентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис хицаугæнæг альянс

Индийы   парламентон æвзæрстыты   хицаугæнæг  альянс   фæуæлахиз ис.   Бæстæйы  Централон æвзарæнон камисы  бæрæгггæнæнтæй,  «Наицонал-Демокративон Альянс» ног парламенты  543 бынатæй минимум  310  бацахсдзæн.  Уый та  нысан кæны, цæмæй  хицаугæнæг альянсæн парламенты уыдзæн    фылдæры  хай.

Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй   100 мандаты   райсдзæн оппозицион   «Иугонд Прогрессивон Альянс». Халæппæрсты  кæронбæттæн фæстиуджытæ  абон  изæр фæбæрæг уыдзысты.

Индийы парламентон æвзæрстыты  2000 парти æмæ  8000 кандидат  истой  хайад.   Индийы хъæлæс кæныны бар ис 900 милуан  æвзæрстгæнæгæн.

Парламентон æвзæрстытæ  Индийы   цалдæр  турæй   ацыд, æмæ æмтгæй  райсгæйæ   процесс, мæййæ   фылдæр  даргъ кодта.